Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мӕ зынаргъ чызг

Мӕ зынаргъ чызг

Рафыссын:

  1. 1. Куыд ыстыр кодтай, уый

    Уыдта дӕ фыд.

    Ды хорз зыдтай, цы сты

    Цин ӕмӕ цӕссыг.

    Хуыздӕрӕй дӕм цы ис,

    Уый куы фӕдӕттыс,

    Хуыцауӕн уӕд цин хӕссыс.

    1-АГ БАЗАРД

    «Мӕ чызг, ды дӕ мӕнӕн тынг зынаргъ.

    Уарздзынӕн дӕу ӕнустӕм дӕр».

  2. 2. Цух кӕныс ды дӕхи

    Цӕмӕйдӕрты.

    Бирӕ хъуыды кӕныс

    Хорз уынаффӕтыл.

    Хуыцау дӕ тынг кӕй уарзы,

    Уый ’хсызгон у,

    Ӕмӕ дын афтӕ дзуры ныр:

    1-АГ БАЗАРД

    «Мӕ чызг, ды дӕ мӕнӕн тынг зынаргъ.

    Уарздзынӕн дӕу ӕнустӕм дӕр».

    2-АГ БАЗАРД

    Хуыцау алцыдӕр

    Зоны ’мӕ уыны,

    ’Мӕ дӕ фыдӕбон

    Уый нӕ рох кӕны.

    Рагӕй йын йӕ ном

    Ды кӕй уарзыс, уый

    Ис зӕрдӕйы.

    1-АГ БАЗАРД

    Мӕ чызг, демӕ ӕдзух ис Хуыцау.

    Мӕ чызг, ды дӕ уымӕн тынг зынаргъ.

    Мӕ чызг, уый дыл алкӕддӕр тыхсдзӕн,

    Уый дӕ уарздзӕн ӕнустӕм дӕр.