Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕныны арфӕдзинӕдтӕ

Ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕныны арфӕдзинӕдтӕ

Рафыссын

  1. 1. Мыййаг, дӕхицӕн дзурыс:

    «Кӕд фылдӕр у мӕ бон»?

    ’Мӕ Хуыцаумӕ кувыс:

    «Йегъовӕ, бацамон зонд».

    Цӕй уӕд рӕстӕг ыссарӕм

    Уынаффӕ рахӕссынӕн,

    Уымӕн ’мӕ уыцы хъуыддагыл

    Фӕсмон нӕ фӕкӕндзынӕ.

    БАЗАРД

    Хъӕуы дӕ къахдзӕф ыскӕнын.

    Тыхсгӕ дӕр мацӕуыл кӕн.

    Ды ацы къахдзӕф куы скӕнай,

    Хуыцау уӕд арфӕ кӕндзӕн.

    Къахдзӕф акӕн.

    Къахдзӕф акӕн, ’мӕ Македонимӕ ’рцу!

  2. 2. Уацамынд размӕ куыд цӕуы,

    Уый ’цӕгӕй тынг диссаг у.

    Рӕстдзинад тынг кӕй хъӕуы,

    Дӕ лӕггад уыдонӕн у.

    Ӕввахсӕй-’ввахсдӕр кӕндзынӕ

    Уӕд Йегъовӕмӕ дӕр.

    Уымӕн ’мӕ уый дӕ фарсмӕ уыдзӕн

    Ӕмӕ дын алцы бацамондзӕн.

    БАЗАРД

    Хъӕуы дӕ къахдзӕф ыскӕнын.

    Тыхсгӕ дӕр мацӕуыл кӕн.

    Ды ацы къахдзӕф куы скӕнай,

    Цин кӕндзынӕ ды уӕд.

    Кӕд ма хъуыдытӕ фӕкӕныс,

    Уый раст уыдзӕн ’ви нӕ,

    БАЗАРД

    Уӕд дӕ хъӕуы къадзӕф скӕнын.

    Хуыцау дын арфӕ кӕндзӕн.

    Къахдзӕф акӕн.

    Къахдзӕф акӕн.

    Ныфсджынӕй къахдзӕф акӕн, ’мӕ Македонимӕ ’рцу!