Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕппӕты зынаргъдӕр мын цы у, уый дын дӕттын

Ӕппӕты зынаргъдӕр мын цы у, уый дын дӕттын

Рафыссын:

  1. 1. Нӕ зӕрдӕты рухс,

    Нӕ гыццыл фырт, дӕ лӕвар у.

    Ныр астыр и

    Нӕ хур, нӕ цин.

    Нӕ уыд ӕнцон

    Нӕ фыдӕбон.

    Фӕлӕ нын дзӕгъӕлы нӕ уыд.

    БАЗАРД

    Нӕ хъӕбулӕн мын

    Зын у хӕрзбон зӕгъын.

    Фӕлӕ ӕмбарын ӕз уӕддӕр,

    Дӕ дӕлбазыр ӕдас уыдзӕн

    Ныр дӕр ’мӕ ’нустӕм дӕр.

    Мӕ зӕрдӕ сабыр у,

    Нӕ тӕрсын ӕз нӕ хъӕбулӕн.

    Зынаргъдӕрӕй цы и мӕнмӕ,

    Уый ’нӕвгъауӕй дӕттын дӕуӕн.

  2. 2. Дӕ лӕвар нын уыд

    Нӕ уарзон чызг, нӕ дидинӕг.

    Йӕ къахдзӕфтӕ,

    Йӕ цӕссыгтӕ

    Хъуыды кӕнӕм,

    Ӕмӕ ыстӕм

    Сӕрыстыр ахӕм чызгӕй ’цӕг.

    БАЗАРД

    Нӕ хъӕбулӕн мын

    Зын у хӕрзбон зӕгъын.

    Фӕлӕ ӕмбарын ӕз уӕддӕр,

    Дӕ дӕлбазыр ӕдас уыдзӕн

    Ныр дӕр ’мӕ ’нустӕм дӕр.

    Мӕ зӕрдӕ сабыр у,

    Нӕ тӕрсын ӕз нӕ хъӕбулӕн.

    Зынаргъдӕрӕй цы и мӕнмӕ,

    Уый ’нӕвгъауӕй дӕттын дӕуӕн.