Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Афон у ныр

Афон у ныр

Рафыссын:

  1. 1. Ацы дуне бонвыддӕр кӕны.

    Ныр ысты фӕстаг бонтӕ.

    Хъуамӕ мах нӕ зӕрдыл дарӕм уый

    Ӕмӕ алкӕд уӕм цӕттӕ.

    Алы уавӕры дӕр архайӕм,

    Цӕмӕй адӕмӕн зӕгъӕм:

    «Тагъд ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ

    Скӕндзӕн а зӕххыл дзӕнӕт».

    1-АГ БАЗАРД

    Афон у ныр,

    Цӕмӕй не ’ппӕт дӕр

    Ӕрвылбон дӕр хъусын кӕнӕм бӕстон.

    О, афон у ныр,

    Цӕмӕй фидар уӕм

    Ацы фӕстаг бонты кӕрон.

  2. 2. Нал уыдзӕн ӕндӕр рӕстӕг, цӕмӕй

    Ацы хорз хъуыддаг кӕнӕм.

    Уӕдӕ архайӕм ӕппӕт тыхтӕй

    Ӕмӕ хорз хабар хӕссӕм.

    Махӕн ацы лӕггад фидӕны

    ’Хсызгон мысинаг уыдзӕн.

    Кад Йегъовӕйӕн кӕй кодтам,

    Уый нын цины хос уыдзӕн.

    1-АГ БАЗАРД

    Афон у ныр,

    Цӕмӕй не ’ппӕт дӕр

    Ӕрвылбон дӕр хъусын кӕнӕм бӕстон.

    О, афон у ныр,

    Цӕмӕй фидар уӕм

    Ацы фӕстаг бонты кӕрон.

    2-АГ БАЗАРД

    Сты нӕ фарсмӕ хотӕ, ’фсымӕртӕ,

    Дугъы згъорӕм не ’ппӕт дӕр.

    Бирӕ нал хъӕуы кӕронмӕ,

    Разӕй ног дуне уынӕм!

    1-АГ БАЗАРД

    Афон у ныр,

    Цӕмӕй не ’ппӕт дӕр

    Ӕрвылбон дӕр хъусын кӕнӕм бӕстон.

    О, афон у ныр,

    Цӕмӕй фидар уӕм

    Ацы фӕстаг бонты кӕрон.