Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мӕ уды хай

Мӕ уды хай

Рафыссын

  1. 1. Уарзын дӕ,

    Мӕ цин, мӕ уды хай.

    Ды мӕнӕн

    Рӕсугъд кӕныс мӕ цард.

    Дӕ удыхъӕдӕй ды

    Фӕзминаг алкӕд дӕ.

    Уыдзыстӕм мах

    Ӕнустӕм цинӕфсӕст.

    Ды аргъ кӕныс мӕнӕн

    Ӕмӕ мӕ фарсмӕ дӕ.

    Ӕргом ӕвдисыс ды,

    Сӕрыстыр мӕ кӕй дӕ.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ немӕ уыдзӕн,

    Нӕ уарзт тыхджындӕр кӕндзӕн.

    Мӕ цин, мӕ амонд дӕ ды цӕрӕнбонтӕм,

    Мӕ уды хай.

  2. 2. О, мӕ цард, мӕ цин,

    Дӕ уарзтӕй дӕн рӕвдыд.

    Фӕзоныс ды,

    Мӕ зӕрдӕйы цы ис.

    Хуыцауӕн иумӕ мах

    Ӕдзух лӕггад кӕнӕм.

    Кӕрӕдзийӕ ыстӕм

    Сӕрыстыр алкӕддӕр.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ немӕ уыдзӕн,

    Нӕ уарзт тыхджындӕр кӕндзӕн.

    Мӕ цин, мӕ амонд дӕ ды цӕрӕнбонтӕм,

    Мӕ уды хай.

    Йегъовӕ немӕ уыдзӕн,

    Нӕ уарзт тыхджындӕр кӕндзӕн.

    Мӕ цин, мӕ амонд дӕ ды цӕрӕнбонтӕм,

    Мӕ уды хай.

    Мӕ уды хай,

    Мӕ цард.