Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕрдӕйӕ хатыр кӕн

Зӕрдӕйӕ хатыр кӕн

Рафыссын

  1. 1. Мӕ ныфс у саст. Кӕм ссарон ӕнцой?

    Мӕ зӕрдӕ рагӕй у мастӕй дзаг.

    Бӕргӕ, зонын, афтӕ нӕу раст.

    Ныр хъуамӕ ӕз ныххатыр кӕнон.

    Фӕлӕ мӕн аххос уым ӕппындӕр нӕй,

    ’Мӕ уый ферох кӕнӕн ис зынтӕй.

    БАЗАРДЫ РАЗМӔ

    Йегъовӕйӕ ’ххуыс хъуамӕ ракурон.

    Уыны мын уый мӕ зӕрдӕ, цы бавзӕрстон.

    Уый ратдзӕн тых мӕнӕн, ’мӕ

    БАЗАРД

    Уӕд ыссӕудзӕн мӕ маст.

    Мӕ зӕрдӕйы ӕрцӕрдзӕни фарн.

    Хуыцау, ӕз курӕг дӕуӕй дӕн,

    Мӕ зонд мын ысраст кӕн.

    Фӕнды мӕ дӕу фӕзмын –

    Нӕ рӕдыдтытӕ ды ферох кӕныс.

    Хуыцау, фӕнды мӕ зӕрдӕйӕ

    Хатыр кӕнын алкӕд.

    Зӕрдиагӕй.

  2. 2. Зӕрдӕ ныддур, йӕ хъӕдгом арф у.

    Уыцы хабар нӕу рох мӕнӕй.

    Фӕлӕ афтӕ дарддӕр нӕй цӕрӕн.

    Мӕ фӕнд у ныр ныххатыр кӕнын

    ’Мӕ раппарын мӕхицӕй уыцы уӕз.

    Уыдзынӕн амондджын уӕд ӕз.

    БАЗАРДЫ РАЗМӔ

    Йегъовӕйӕ ’ххуыс хъуамӕ ракурон.

    Уыны мын уый мӕ зӕрдӕ, цы бавзӕрстон.

    Уый ратдзӕн тых мӕнӕн, ’мӕ

    БАЗАРД

    Уӕд ыссӕудзӕн мӕ маст.

    Мӕ зӕрдӕйы ӕрцӕрдзӕни фарн.

    Хуыцау, ӕз курӕг дӕуӕй дӕн,

    Мӕ зонд мын ысраст кӕн.

    Фӕнды мӕ дӕу фӕзмын –

    Нӕ рӕдыдтытӕ ды ферох кӕныс.

    Хуыцау, фӕнды мӕ зӕрдӕйӕ

    Хатыр кӕнын алкӕд.

    Зӕрдиагӕй.

    Зӕрдиагӕй.

    Зӕрдиагӕй.

    Зӕрдиагӕй.