Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнӕм

Ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнӕм

Рафыссын

  1. 1. Хуыцау мӕ йӕхимӕ ’рбакодта.

    У мӕнӕн ныр уый мӕ хуыздӕр Хӕлар.

    Фӕнды мӕ, йӕ раст фӕндагыл цӕуон,

    Фӕлӕ мын уый хатгай нӕ вӕййы ӕнцон.

    БАЗАРДЫ РАЗМӔ

    Тырнын ӕз, цӕмӕй

    Хуыцау уа райгонд мӕнӕй.

    БАЗАРД

    Фидар къахдзӕфтӕй ныр ӕз размӕ цӕуын,

    Мӕ къухтӕ ӕз не ’руадздзынӕн.

    Хуыцауы Ныхас мӕнӕн ныфс дӕтты.

    Ӕз кувын, цӕмӕй фидар уон

    ’Мӕ ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнон.

  2. 2. Нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕд,

    Йӕ бындур змис нӕ, фӕлӕ къӕдзӕх уӕд.

    Сты абон адӕм рӕсугъд фынтӕй хъал,

    Фӕлӕ ацы дуне нӕ фӕсайдзӕн мах.

    БАЗАРДЫ РАЗМӔ

    Тагъд ралӕудзӕни

    Ног цард ’нӕхъӕн зӕххыл.

    БАЗАРД

    Фидар къахдзӕфтӕй ныр мах размӕ цӕуӕм,

    Нӕ къухтӕ мах не ’руадздзыстӕм.

    Хуыцауы Ныхас ныфс махӕн дӕтты.

    Мах кувӕм, цӕмӕй фидар уӕм

    ’Мӕ ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнӕм.

    БАЗАРД

    Фидар къахдзӕфтӕй ныр мах размӕ цӕуӕм,

    Нӕ къухтӕ мах не ’руадздзыстӕм.

    Хуыцауы Ныхас ныфс махӕн дӕтты.

    Мах кувӕм, цӕмӕй фидар уӕм

    ’Мӕ ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнӕм.

    Лӕггад кӕнӕм.

    Лӕггад кӕнӕм.