Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ зонд хъахъхъӕн

Дӕ зонд хъахъхъӕн

Рафыссын

  1. 1. Фӕнды мӕ, алцы раст кӕнон,

    Фӕлӕ нӕ зоны зӕрдӕ ’нцой.

    Сагъӕстӕй у дзаг мӕ цард,

    Уый мӕнӕн ысси мӕ уаргъ.

    Хуыссӕг фӕлыгъд, цы ма фӕуон?

    Йегъовӕ, ратт зӕрдӕйӕн удӕнцой.

    Зын сахат у мӕ фарсмӕ,

    Ысхайджын кӕн мӕн дӕ фарнӕй.

    1-АГ БАЗАРД

    Дӕ фарн хъахъхъӕндзӕн мӕ зӕрдӕ, мӕ зонд.

    Цин кӕндзынӕн ӕз алы бон,

    Хорздзинӕдтӕ нӕ рох кӕндзынӕн.

    Ӕнӕкӕрон фарн, Хуыцау, ратт мӕнӕн.

  2. 2. Дӕ фӕндон у мӕнӕн сӕйраг,

    Фӕлӕ у сагъӕстӕй зӕрдӕ дзаг.

    Нал фӕзонын хатгай ӕз,

    Райгонд дӕ мӕнӕй ’ви нӕ.

    Фӕлӕ уӕддӕр ӕз ацӕуын

    Ӕмӕ хорз хабар фӕхъусын кӕнын.

    Мӕнӕн ды хъару раттыс,

    Мӕ фарныл фарн ды ӕфтауыс.

    1-АГ БАЗАРД

    Дӕ фарн хъахъхъӕндзӕн мӕ зӕрдӕ, мӕ зонд.

    Цин кӕндзынӕн ӕз алы бон,

    Хорздзинӕдтӕ нӕ рох кӕндзынӕн.

    Ӕнӕкӕрон фарн, Хуыцау, ратт мӕнӕн.

    Фарн ратт мӕнӕн.

    2-АГ БАЗАРД

    Нал кӕндзӕни зӕрдӕ ӕнкъард –

    Дзӕгъӕлы мӕнӕн нӕу мӕ цард.

    Иунӕг нӕ дӕн, дӕ фарн мын дӕттыс.

    Ды алкӕддӕр мӕн ног хъарутӕ бауадзыс.

    Мӕн фидар ды кӕныс.

    1-АГ БАЗАРД

    Дӕ фарн хъахъхъӕндзӕн мӕ зӕрдӕ, мӕ зонд.

    Цин кӕндзынӕн ӕз алы бон,

    Хорздзинӕдтӕ нӕ рох кӕндзынӕн.

    Ӕнӕкӕрон фарн, Хуыцау, ратт мӕнӕн.