Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уырнындзинад мын дӕтты цӕстырухс

Уырнындзинад мын дӕтты цӕстырухс

(Псалом 27:13)

Рафыссын

  1. 1. Нӕу мын тӕссаг домбайӕ,

    Тас мӕ нӕ бауадздзӕн знаг.

    О, Йегъовӕ у мӕ фарс –

    Ӕз алкӕд дӕн ӕдас.

    Ӕз зонын, мемӕ ис Хуыцау.

    1-АГ БАЗАРД

    Уырнындзинад дӕтты мӕнӕн цӕстырухс,

    Уырнындзинад – дӕтты уый ныфс мӕнӕн.

    Ӕз Хуыцауӕй дӕн ныфсджын,

    Мӕ фидӕн ӕз уынын.

    Алкӕддӕр мын хъарутӕ дӕтдзӕн

    Уырнындзинад.

  2. 2. Рагон лӕггадгӕнджытӕ

    Цардысты ӕдзух рӕстӕй.

    Цас фӕрӕзтой зынтӕн!

    Сӕ фидӕн у цӕттӕ.

    Уый фендзыстӕм нӕхи цӕстӕй.

    1-АГ БАЗАРД

    Уырнындзинад дӕтты мӕнӕн цӕстырухс,

    Уырнындзинад – дӕтты уый ныфс мӕнӕн.

    Ӕз Хуыцауӕй дӕн ныфсджын,

    Мӕ фидӕн ӕз уынын.

    Алкӕддӕр мын хъарутӕ дӕтдзӕн

    Уырнындзинад.

    2-АГ БАЗАРД

    Уыдзӕн мӕ бон хӕхтӕ дӕр фӕлдахын,

    Куы уа мӕнмӕ уырнындзинад.

    Уадзы мӕ ныфс,

    Ӕмӕ фӕлӕууын фидар ӕз.

    Мӕнӕн уый хъахъхъӕны мӕ цард.

  3. 3. Уайы мӕ цард мӕ цӕстыл.

    Уый у зынаргъ лӕвар.

    Мӕ фӕнд – фидар уон,

    Йегъовӕйӕн цӕрон.

    Тагъд ӕппӕтыл дӕр цӕудзӕн йӕ бар!

    1-АГ БАЗАРД

    Уырнындзинад дӕтты мӕнӕн цӕстырухс,

    Уырнындзинад – дӕтты уый ныфс мӕнӕн.

    Ӕз Хуыцауӕй дӕн ныфсджын,

    Мӕ фидӕн ӕз уынын.

    Алкӕддӕр мын хъарутӕ дӕтдзӕн

    Уырнындзинад,

    Уырнындзинад.

(Ноджыдӕр кӕс Дзут. 11:1–40.)