Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕд фӕкалдтӕ, уӕд сыст

Кӕд фӕкалдтӕ, уӕд сыст

Рафыссын

  1. 1. Тынг лӕмӕгъ у адӕймаг.

    Нӕ зӕрдӕ у мӕнгард,

    Хинӕй ныл цӕуы.

    Рӕдигӕ алчидӕр кӕны.

    Фӕрӕдыдтӕ ды дӕр,

    Фӕлӕ ныр дӕхиуыл схӕц.

    Зонды хос дын уый уыдзӕн,

    Йегъовӕ дӕм йӕ къух ӕрбадардзӕн.

    (1-АГ БАЗАРД)

    Кӕд фӕкалдтӕ, уӕд сыст,

    ’Мӕ фӕрог уа дӕ рыст.

    Ив дӕ цард ’мӕ дӕ зонд,

    Уый дын бантысдзӕн, зон.

    Тынг дӕ уарзы Хуыцау,

    Дӕуыл тыхсы хорз фыдау.

    Дӕ зӕрдӕ сфидар уӕд

    Ӕмӕ коммӕгӕс ысуӕд.

    Кӕд фӕкалдтӕ, уӕд сыст.

  2. 2. Ды бамбӕрстай дӕ рӕдыд,

    Ӕмӕ ныр ис дӕ зӕрды

    Ногӕй та лӕггад кӕнын

    Ӕмӕ рӕстӕй цӕрын.

    Баввахс у Хуыцаумӕ,

    ’Мӕ хайджын уай йӕ уарзтӕй.

    Йӕ Ныхасӕй дӕ ’фсаддзӕн,

    Цӕстуарзонӕй йӕ зондӕй хай кӕндзӕн.

    (1-АГ БАЗАРД)

    Кӕд фӕкалдтӕ, уӕд сыст,

    ’Мӕ фӕрог уа дӕ рыст.

    Ив дӕ цард ’мӕ дӕ зонд,

    Уый дын бантысдзӕн, зон.

    Тынг дӕ уарзы Хуыцау,

    Дӕуыл тыхсы хорз фыдау.

    Дӕ зӕрдӕ сфидар уӕд

    Ӕмӕ коммӕгӕс ысуӕд.

    (2-АГ БАЗАРД)

    Зоны алцыдӕр Йегъовӕ,

    Махӕй бирӕ уый нӕ домы.

    Нӕ зӕрдӕтӕй ыстырдӕр у.

    Дӕ зӕрдыл дар

    Йӕ фӕлмӕн уарзт.

    (1-АГ БАЗАРД)

    Кӕд фӕкалдтӕ, уӕд сыст,

    ’Мӕ фӕрог уа дӕ рыст.

    Ив дӕ цард ’мӕ дӕ зонд,

    Уый дын бантысдзӕн, зон.

    Тынг дӕ уарзы Хуыцау,

    Дӕуыл тыхсы хорз фыдау.

    Дӕ зӕрдӕ сфидар уӕд

    Ӕмӕ коммӕгӕс ысуӕд.

    Кӕд фӕкалдтӕ, уӕд сыст.

    Кӕд фӕкалдтӕ, уӕд сыст.