Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау ис мемӕ ӕдзух

Хуыцау ис мемӕ ӕдзух

Рафыссын

  1. 1. Цы ’рхӕсдзӕни абоны бон, нӕу бӕрӕг.

    Хуыцауы бар бакодтон зӕрдӕйы мӕт.

    Кӕд нӕ ныхмӕ цӕуынц – нӕй хъусӕй лӕууӕн.

    Иунӕг Хуыцау у Хицау мӕнӕн.

    1-АГ БАЗАРД

    Скувын Йегъовӕмӕ – ратты мын уайтагъддӕр уый йӕ фарн.

    Мемӕ Хуыцау ис ӕдзух – нӕй зӕрдӕйы тас.

    Мемӕ Хуыцау ис ӕдзух – нӕй зӕрдӕйы тас.

  2. 2. Ныфсджынӕй дзырдтон Йегъовӕйы тыххӕй.

    Чи байхъуыста, уыдоны рох кӕнӕн нӕй.

    Ӕмӕ кувдзынӕн, фенон сӕ ногӕй та тагъд.

    Бӕллын, цӕмӕй равзарой царды фӕндаг.

    1-АГ БАЗАРД

    Скувын Йегъовӕмӕ – ратты мын уайтагъддӕр уый йӕ фарн.

    Мемӕ Хуыцау ис ӕдзух – нӕй зӕрдӕйы тас.

    Мемӕ Хуыцау ис ӕдзух – нӕй зӕрдӕйы тас.

    2-АГ БАЗАРД

    Арф мӕ зӕрдӕйы судзы пиллонӕй арт.

    Ӕз хъусын кӕнын Хуыцауы ныхас.

    Нал тӕрсын ӕз, мӕ ныфс фидар у,

    Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ ӕз дарын ӕдзух.

    Хотӕ ’мӕ ’фсымӕртӕ фидар лӕууынц,

    Уырнындзинадыл тынг тох кӕнынц.

    Бафӕзмын уыдоны – размӕ цӕуын.

    Диссаджы цардмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын.

  3. 3. Ныр кӕронмӕ ӕрхӕццӕ ацы бон.

    Хъуамӕ Йегъовӕйӕн бузныг зӕгъон.

    Уый мӕ бауагъта ныфс, иунӕг нӕ дӕн.

    Ис мӕ фарсмӕ мӕ Фыд алкӕд мӕнӕн.

    1-АГ БАЗАРД

    Скувын Йегъовӕмӕ – ратты мын уайтагъддӕр уый йӕ фарн.

    Мемӕ Хуыцау ис ӕдзух – нӕй зӕрдӕйы тас.

    Мемӕ Хуыцау ис ӕдзух – нӕй зӕрдӕйы тас.