Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕмӕ хъуамӕ ацӕуон?

Кӕмӕ хъуамӕ ацӕуон?

Рафыссын

  1. 1. Абон амоны Йесо

    Махӕн царды фӕндаг.

    Йӕ фӕдыл цӕуын

    У мӕнӕн ыстыр кад.

    Йӕ цӕст мӕм ӕдзухдӕр

    Дары, хъахъхъӕны мӕ.

    У Хорз Фыййау уый,

    Ӕз ныфсджын уымӕй дӕн.

    БАЗАРДЫ РАЗМӔ

    Базондзынӕн ӕнӕмӕнг

    Ӕцӕгӕлӕттӕн сӕ хъӕлӕс.

    Уыдон ысты мӕнгард,

    Нӕй сӕ бар кӕнӕн мӕ цард.

    БАЗАРД

    Кӕмӕ хъуамӕ ацӕуон?

    Мӕхи кӕуыл ӕз бафӕдзӕхсон?

    Кӕмӕ хъуамӕ ацӕуон?

    Фыййауы хъӕлӕсмӕ

    Ӕз хъусын зӕрдӕйӕ,

    Цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл алкӕд цӕуон.

  2. 2. Ӕз мӕ цардӕй дӕн райгонд,

    Ис мӕ зӕрдӕйы фарн.

    Мӕнӕн у ӕдас

    Хорз Фыййауы дӕлбар.

    Ӕрцӕттӕ мын кодта

    Стыр хӕрзиуӕг Хуыцау.

    Йӕ Фырты ныхӕстӕ

    Мӕнӕн дӕттынц цард.

    БАЗАРДЫ РАЗМӔ

    Базонын фӕхъӕуы

    Ӕцӕгӕлӕттӕн сӕ хъӕлӕс.

    Уыдон ысты мӕнгард,

    Нӕй сӕ бар кӕнӕн мӕ цард.

    БАЗАРД

    Кӕмӕ хъуамӕ ацӕуон?

    Мӕхи кӕуыл ӕз бафӕдзӕхсон?

    Кӕмӕ хъуамӕ ацӕуон?

    Фыййауы хъӕлӕсмӕ

    Ӕз хъусын зӕрдӕйӕ,

    Цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл алкӕд цӕуон.

    БАЗАРД

    Кӕмӕ хъуамӕ ацӕуон?

    Мӕхи кӕуыл ӕз бафӕдзӕхсон?

    Кӕмӕ хъуамӕ ацӕуон?

    Фыййауы хъӕлӕсмӕ

    Ӕз хъусын зӕрдӕйӕ,

    Цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл алкӕд цӕуон.

    Кӕмӕ хъуамӕ ацӕуон?

    Раст фӕндагыл хъуамӕ ӕз цӕуон.