Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау мах хорз зоны

Хуыцау мах хорз зоны

Рафыссын

  1. 1. Нӕ цард куы сӕвзӕрд, уӕд Хуыцау мах зыдта.

    Нӕ буары алы уӕнг дӕр уый уыдта.

    Нӕ зӕрдӕты гуыпп-гуыпп хъуыста,

    Нӕ райгуырдмӕ ӕнхъӕлмӕ каст.

    Хъуыдытыл дӕу ’фтауӕд уый.

    1-АГ БАЗАРД

    Уыны мах ’мӕ зоны,

    Цы ’нкъарӕм, куыд цӕрӕм.

    Уыны нӕ маст дӕр ’мӕ нӕ цин,

    Кӕй нӕ фӕнды рӕстӕй цӕрын.

    Уыны мах ’мӕ хъусы,

    Цы курӕм, цы дзурӕм.

    Нӕ мидзӕрдӕ йын у ӕргом. Хорз зоны мах

    Хуыцау.

  2. 2. Хорз фыдау ӕй тынг фӕнды, райгонд уӕм,

    Зӕрдӕрухс, амондджын цард кӕнӕм.

    Ног дунемӕ куы бацӕуӕм, уӕд

    Ысрӕсугъд уыдзӕн нӕ удыхъӕд.

    Йегъовӕйӕ уый нӕу рох.

    1-АГ БАЗАРД

    Уыны мах ’мӕ зоны,

    Цы ’нкъарӕм, куыд цӕрӕм.

    Уыны нӕ маст дӕр ’мӕ нӕ цин,

    Кӕй нӕ фӕнды рӕстӕй цӕрын.

    Уыны мах ’мӕ хъусы,

    Цы курӕм, цы дзурӕм.

    Нӕ мидзӕрдӕ йын у ӕргом. Хорз зоны мах

    Хуыцау.

    2-АГ БАЗАРД

    Нӕ цард у Хуыцауыл баст, нӕхиуыл ӕнкъарӕм мах йӕ уарзт.

    Нӕ Фыд у нӕ ныфс.

    Кур дзы ӕххуыс ӕдзух, зындзинӕдты фидар ды лӕуу.

    Дӕ зӕрдӕ сабыр уӕд ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсӕд.

    1-АГ БАЗАРД

    Уыны мах ’мӕ зоны,

    Цы ’нкъарӕм, куыд цӕрӕм.

    Уыны нӕ маст дӕр ’мӕ нӕ цин,

    Кӕй нӕ фӕнды рӕстӕй цӕрын.

    Уыны мах ’мӕ хъусы,

    Цы курӕм, цы дзурӕм.

    Нӕ мидзӕрдӕ йын у ӕргом. Хорз зоны мах.

    1-АГ БАЗАРД

    Уыны мах ’мӕ зоны,

    Цы ’нкъарӕм, куыд цӕрӕм.

    Уыны нӕ маст дӕр ’мӕ нӕ цин,

    Кӕй нӕ фӕнды рӕстӕй цӕрын.

    Уыны мах ’мӕ хъусы,

    Цы курӕм, цы дзурӕм.

    Нӕ мидзӕрдӕ йын у ӕргом. Хорз зоны мах

    Хуыцау.