Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Тагъд сӕххӕст уыдзӕн»! (2023 азы регионалон конгрессы зарӕг)

«Тагъд сӕххӕст уыдзӕн»! (2023 азы регионалон конгрессы зарӕг)

(Аввакум 2:3)

Рафыссын

  1. 1. Алкӕм дӕр уынӕм де стыр фыдӕбон.

    Йегъовӕ, дӕуӕн дӕ зондӕн нӕй кӕрон!

    Рагӕй у дӕ фӕнд, зӕхх ӕнустӕм уа.

    Ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, цӕмӕй йӕ сног кӕнай.

    БАЗАРД

    Тынг тагъд ӕнӕхъӕн зӕхх суыдзӕн рӕсугъд дзӕнӕт.

    Уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.

    Сӕххӕст уыдзӕн дӕ фӕнд – уый у дӕ зӕрдӕвӕрд!

    Хъуамӕ фӕразондӕр уӕм.

    «Тагъд сӕххӕст уыдзӕн»!

  2. 2. Раздахдзынӕ ды мӕрдты цардмӕ тагъд.

    Йегъовӕ, нӕ Фыд, ӕгӕрон у дӕ уарзт!

    Тынг сӕ мысӕм мах – райгас уой, бӕллӕм.

    Ратт махӕн тыхтӕ, цӕмӕй фӕразон уӕм.

    БАЗАРД

    Тынг тагъд ӕнӕхъӕн зӕхх суыдзӕн рӕсугъд дзӕнӕт.

    Уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.

    Сӕххӕст уыдзӕн дӕ фӕнд – уый у дӕ зӕрдӕвӕрд!

    Хъуамӕ фӕразондӕр уӕм.

    «Тагъд сӕххӕст уыдзӕн»!

  3. 3. Дӕу фӕнды, цӕмӕй адӕмӕн уа ныфс.

    Фӕразон дӕ ды, рӕстӕг сын фаг дӕттыс.

    Демӕ кусӕм мах, хорз хабар хӕссӕм.

    Ӕввахс дӕм кӕнӕм, ’мӕ амондджын ыстӕм.

    БАЗАРД

    Тынг тагъд ӕнӕхъӕн зӕхх суыдзӕн рӕсугъд дзӕнӕт.

    Уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.

    Сӕххӕст уыдзӕн дӕ фӕнд – уый у дӕ зӕрдӕвӕрд!

    Хъуамӕ фӕразондӕр уӕм.

    «Тагъд сӕххӕст уыдзӕн»!

    Уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм!

(Ноджыдӕр кӕс Кол. 1:11.)