Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Руль лодкӕйӕн куыд ӕххуыс кӕны, афтӕ зондамынд дӕр сывӕллонӕн ӕххуыс кӕны раст фӕндагыл цӕуынӕн

НЫЙЙАРДЖЫТӔН

6. Уӕ сывӕллӕттӕн зонд амонут

6. Уӕ сывӕллӕттӕн зонд амонут

УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ

Зонд амонын нысан кӕны, искӕмӕн разамынд дӕттын кӕнӕ йӕ ахуыр кӕнын. Хатт сывӕллонӕн зонд бацамонын фӕхъӕуы, цыдӕр раст куы нӕ саразы, уӕд. Зондамындмӕ ма хауы сывӕллонӕн ӕмбарын кӕнын, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый, цӕмӕй йӕ бон уа раст уынаффӕтӕ хӕссын.

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У

Фӕстаг рӕстӕг иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн уайдзӕф нал кӕнынц, уымӕн ӕмӕ тӕрсынц, сывӕллон йӕхицӕн куы нал аргъ кӕна, уымӕй. Фӕлӕ ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллонӕн цӕмӕйдӕрты «ма кӕн» фӕдзурынц ӕмӕ йӕ фӕахуыр кӕнынц, цӕмӕй коммӕгӕс уа.

«Цӕмӕй сывӕллонӕй хорз адӕймаг рауайа, уый тыххӕй хъуамӕ зона, бар ын цӕмӕн ис ӕмӕ цӕмӕн нӕй, уый. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд куы нӕ фӕамонынц, уӕд сывӕллӕттӕ, руль кӕмӕн нӕй, ахӕм науӕй уӕлдай нӕ вӕййынц. Ахӕм нау йӕ фӕндагӕй адзӕгъӕл вӕййы кӕнӕ суанг пырх дӕр ныввӕййы» (Памелӕ).

ЦЫ ИС САРАЗӔН

Сывӕллоны фӕхъӕуы бафхӕрын дӕр ӕмӕ дзы фӕхъӕуы раппӕлын дӕр. Уӕ сывӕллон, цы йын загътат, уымӕ куы нӕ байхъуса, уӕд-иу ӕй бафхӕрут. Уӕ коммӕ-иу куы бакӕса, уӕд та-иу дзы ӕнӕмӕнгӕй раппӕлут.

«Абон сывӕллӕттӕ тынг ӕгоммӕгӕс сты. Ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕй арӕх раппӕлын, мӕ коммӕ кӕй кӕсынц, уый тыххӕй. Уый фӕрцы мӕм хуыздӕр байхъусынц, истӕй тыххӕй сын куы бауайдзӕф кӕнын, уӕд» (Кристин).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн» (Галатӕгтӕм 6:7).

Ӕмбаргӕ ут. Уӕ сывӕллонӕн зонд амонут, цас ыл цӕуы, цас ӕмбары ӕмӕ, цы знаггад ракодта, уымӕ гӕсгӕ. Сывӕллон йӕ рӕдыд хуыздӕр бамбардзӕн, куыд ӕй бафхӕрдтат, уый, раст цы нӕ сарӕзта, уыимӕ баст куы уа, уӕд. Зӕгъӕм, уӕ сывӕллон нӕ байхъуыста, телефонӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй йын цы загътат, уымӕ. Уӕд-иу ӕй бафхӕрут: йӕ телефон-иу ын цасдӕр рӕстӕгмӕ райсут кӕнӕ-иу ын зӕгъут, цас кӕнӕ дзы кӕм хъуамӕ пайда кӕна. Фӕлӕ-иу ыл гыццыл истӕй тыххӕй уӕ маст ма ныккалут.

«Фӕархайын, цӕмӕй бамбарон, мӕ сывӕллон мӕм барӕй нӕ байхъуыста ӕви цыдӕр раст нӕ бамбӕрста, ӕмӕ уый тыххӕй афтӕ бакодта. Ӕвзӕр миниуӕг ӕмӕ рӕдыд иу не сты: ӕвзӕр миниуӕгимӕ тох кӕнын хъӕуы, рӕдыдмӕ та ӕрмӕст бацамонын дӕр фаг вӕййы» (Уэндэл).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, цӕмӕй сӕхимӕ ма ныхъхъусой» (Колоссӕгтӕм 3:21).

Уӕ сывӕллӕттӕ хъуамӕ зоной, кӕй сӕ уарзут, уый. Сывӕллӕттӕн ӕнцондӕр уыдзӕн сӕ ныййарджыты зондамындмӕ хъусын, куы йӕ зоной, кӕй сӕ уарзынц, зонд сын уый тыххӕй кӕй амонынц.

«Нӕ фырт-иу исты раст куы нӕ бакодта, уӕд-иу ын загътам, раздӕр-иу хорз уынаффӕтӕ кӕй рахаста, уый тыххӕй дзы сӕрыстыр кӕй стӕм. Стӕй-иу ын бамбарын кодтам, йӕ рӕдыд куы сраст кӕна, уӕд йӕ хорз ном кӕй нӕ фӕчъизи уыдзӕн ӕмӕ йын баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй стӕм» (Дэниел).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ» (1 Коринфӕгтӕм 13:4).