Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас

Разныхас

АЦЫ чиныджы фыст ис ӕцӕг хабӕрттӕ. Уыдон ист сты дунейы ӕппӕты зындгонддӕр чиныгӕй – Библийӕ. Зонгӕ нӕ кӕны адӕмы цардимӕ, Хуыцау дуне фӕлдисын куы райдыдта, уӕдӕй суанг абоны онг. Дзырд ма дзы цӕуы, Хуыцау фидӕны цы сараздзӕн, уый тыххӕй дӕр.

Ацы чиныгӕй базондзынӕ, Библийы сӕрӕй кӕронмӕ дзырд цӕуыл цӕуы, уый. Стӕй ма базонгӕ уыдзынӕ, Библи кӕй кой кӕны, уыцы адӕмимӕ, сӕ цард ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтимӕ. Уыимӕ ма базондзынӕ, Хуыцау адӕмӕн диссаджы ныфс кӕй дӕтты – ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрын.

Чиныджы ис 116 (сӕдӕ ӕхсӕрдӕс) радзырды. Дих сты аст хайыл. Алы хайы размӕ дӕр ис цыбыр афӕлгӕст, цӕй кой дзы цӕуы, ууыл. Радзырдтӕ ӕвӕрд сты, цаутӕ кӕрӕдзийы фӕдыл куыд цыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Уый фӕрцы базондзынӕ, чи сӕ кӕд ӕрцыдис.

Радзырдтӕ фыст сты хуымӕтӕг ӕвзагӕй. Ӕмӕ, нӕ чысыл хуртӕ, сымахӕй бирӕтӕн уӕ бон суыдзӕн ацы чиныг ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй кӕсын. Ныййарджытӕ, сымах та фендзыстут, ацы радзырдтӕ уӕ сывӕллӕттӕн цасфӕнды ма кӕсат, уӕддӕр сӕм ӕхсызгонӕй кӕй хъусдзысты. Сымах ма фендзыстут, ацы чиныг тынг цымыдисаг кӕй у канд сывӕллӕттӕн нӕ, фӕлӕ стыртӕн дӕр.

Алы радзырды кӕрон дӕр амынд цӕуы, хабар Библийы кӕм фыст ис, уый. Хорз уаид, уыцы скъуыддзӕгтӕ дӕр-иу куы бакӕсиккат. Алы радзырд дӕр-иу куы бакӕсай, уӕд-иу, 116 радзырды фӕстӕ цы фарстатӕ ис, уыдонмӕ дӕр ӕркӕс ӕмӕ-иу сын дзуапп раттыныл бацархай.