Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 ХАЙ

Дуне сфӕлдисынӕй Доны хъаймӕты онг

Дуне сфӕлдисынӕй Доны хъаймӕты онг

Куыд фӕзындысты арв ӕмӕ зӕхх? Науӕд хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ, стӕй зӕххыл бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ? Ацы фарстытӕн раст дзуапп дӕтты Библи. Уый дзуры, зӕгъгӕ, нӕ алфамбылай цыдӕриддӕр ис, уый сфӕлдыста Хуыцау. Уымӕ гӕсгӕ нӕ чиныг райдыдта, Библи сфӕлдыстады тыххӕй цы дзуры, уымӕй.

Мах базондзыстӕм, Хуыцау ӕппӕты фыццаг йӕхи хуызӕн уӕларвон удгоймӕгты кӕй сфӕлдыста. Уыдон уыдысты зӕдтӕ. Фӕлӕ зӕхх махӕн, ома адӕмӕн, конд уыд. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кодта диссаджы рӕсугъд цӕхӕрадоны. Фӕлӕ уыдон Хуыцауы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой, ӕмӕ сын нал уыд уым дарддӕр цӕрыны бар.

Хуыцау Адамы куы сфӕлдыста, уымӕй Доны хъаймӕты онг рацыд 1 656 (иу мин ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай ӕхсӕз) азы. Уыцы рӕстӕджы цард бирӕ ӕвзӕр удгоймӕгтӕ. Уӕларвыл – Сайтан ӕмӕ йӕ фӕдыл чи ацыд, уыцы ӕвзӕр зӕдтӕ. Зӕххыл та – Каин ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ӕвзӕр адӕм, уыимӕ ӕнахуыр тыхджын адӕймӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ уыцы рӕстӕджы зӕххыл цард хорз адӕймӕгтӕ дӕр – Авел, Енох ӕмӕ Ной. Ӕппӕт уыцы адӕм ӕмӕ цауты тыххӕй дзырд цӕудзӕн ФЫЦЦАГ ХАЙЫ.

 

АЦЫ ХАЙЫ

1 РАДЗЫРД

Хуыцау райдыдта фӕлдисын

Хуыцау алцыдӕр куыд сфӕлдыста, уыцы хабӕрттӕ Уӕвынады чыныджы афтӕ фыст сты, ӕмӕ суанг сывӕллӕттӕн дӕр сты ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ цымыдисаг.

2 РАДЗЫРД

Диссаджы цӕхӕрадон

Уӕвынады чиныгӕй базонӕн ис, Хуыцау зӕххыл кӕй скодта диссаджы бынат – Едемы цӕхӕрадон. Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй ӕгас зӕхх дӕр суыдаид афтӕ рӕсугъд.

3 РАДЗЫРД

Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг

Хуыцау сфӕлдыста Адам ӕмӕ Евӕйы ӕмӕ сӕ Едемы цӕхӕрадоны ӕрцӕрын кодта. Уыдон уыдысты фыццаг лӕг ӕмӕ ус.

4 РАДЗЫРД

Сырд ӕрцыдысты сӕ хӕдзарӕй

Библийы Уӕвынады чыныгӕй базонӕн ис, Адам ӕмӕ Евӕ дзӕнӕтӕй ӕнӕхай куыд фесты.

5 РАДЗЫРД

Райдыдта зын цард

Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадонӕй тард куы ӕрцыдысты, уӕд сын фӕзынд бирӕ зындзинӕдтӕ. Хуыцаумӕ куы байхъуыстаиккой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр уыдаиккой амондджын.

6 РАДЗЫРД

Хорз фырт ӕмӕ ӕвзӕр фырт

Уӕвынады чиныгӕй Каин ӕмӕ Авелы хабарӕй базонӕн ис, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уӕм ӕмӕ нӕ нӕ зондахасты цы хъӕуы фӕивын, цалынмӕ нӕ ӕвзӕр фӕстиуджытӕм не ’ркодта, уӕдмӕ.

7 РАДЗЫРД

Хъӕбатыр адӕймаг

Енох хъӕбатыр кӕй уыд, уымӕй бӕрӕг у, дӕуӕн дӕр дӕ бон кӕй у, раст цы у, уый аразын, дӕ алыварс адӕм се ’ппӕт дӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы аразой, уӕддӕр.

8 РАДЗЫРД

Зӕххыл уӕйгуытӕ куыд фӕзынд

Уӕвынады 6 сӕры фыст ис, зӕххыл кӕй цард уӕйгуытӕ ӕмӕ адӕмы кӕй ӕфхӕрдтой. Уыцы уӕйгуытӕ, кӕнӕ нефилимтӕ, уыдысты, уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ чи ӕрцыд ӕмӕ сӕхицӕн адӕймаджы буӕрттӕ чи скодта, уыцы ӕвзӕр зӕдты сывӕллӕттӕ.

9 РАДЗЫРД

Ной аразы нау

Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ доны хъаймӕты фервӕзтысты, уымӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕй уӕлдай Хуыцаумӕ байхъуыстой.

10 РАДЗЫРД

Ӕппӕтдунеон Доны хъаймӕт

Ной адӕмы фӕдзӕхста, фӕлӕ йыл адӕм худтысты. Фӕлӕ къӕвда куы райдыдта, уӕд сӕм хорзау нал фӕкаст! Базон, Ной, йӕ бинонтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ, науы кӕй уыдысты, уый фӕрцы куыд фервӕзтысты.