Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 РАДЗЫРД

Диссаджы цӕхӕрадон

Диссаджы цӕхӕрадон

ӔРКӔС МА, ам зӕхх мӕнӕ цыхуызӕн у! Куыд рӕсугъд дзы у алцыдӕр! Бакӕс ма кӕрдӕг ӕмӕ бӕлӕстӕм, дидинджытӕм ӕмӕ ӕппӕт цӕрӕгойтӕм. Пыл ӕмӕ дзы домбӕйтты дӕ бон у ссарын?

Куыд фӕзынд ацы диссаджы цӕхӕрадон? Цӕй, базонӕм, Хуыцау нын зӕхх цӕрынӕн куыд цӕттӕ кодта, уый.

Фыццаг уал зӕхх бамбӕрзта цъӕх кӕрдӕгӕй. Стӕй дзы сзайын кодта алыхуызон гыццыл зайӕгойтӕ, къутӕртӕ ӕмӕ бӕлӕстӕ. Уый фӕрцы зӕхх сси тынг рӕсугъд. Фӕлӕ зайӕгойтӕ ӕрмӕст фидыцӕн не сты. Бирӕтыл дзы зайы тынг хӕрзад дыргътӕ.

Уый фӕстӕ Хуыцау сфӕлдыста кӕсӕгтӕ доны ленчытӕ кӕнынӕн, мӕргътӕ та уӕларвыл тӕхынӕн. Хуыцау ма ноджыдӕр сфӕлдыста куыйтӕ, гӕдытӕ ӕмӕ бӕхтӕ; стыр ӕмӕ гыццыл цӕрӕгойтӕ. Ды кӕм цӕрыс, уым та цавӕр цӕрӕгойтӕ ис? Хуыцау нын ӕппӕт адӕттӕ кӕй сфӕлдыста, уымӕй дзы бузныг хъуамӕ ма уӕм?

Фӕстагмӕ Хуыцау зӕххыл иу бынат рахицӕн кодта ӕмӕ дзы скодта диссаджы бынат. Схуыдта йӕ Едемы цӕхӕрадон. Уым алцыдӕр уыдис ӕххӕст ӕмӕ тынг рӕсугъд. Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй ӕгас зӕхх дӕр суыдаид афтӕ рӕсугъд.

Фӕлӕ ма ногӕй ӕркӕс ацы нывмӕ. Зоныс, Хуыцауы хъуыдымӕ гӕсгӕ дзы цы нӕ фаг кодта? Цӕй уӕдӕ йӕ базонӕм.