Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 РАДЗЫРД

Сырд ӕрцыдысты сӕ хӕдзарӕй

Сырд ӕрцыдысты сӕ хӕдзарӕй

ӔРКӔС МА, цы ’рцыдис, уымӕ. Адам ӕмӕ Евӕ сырд ӕрцыдысты Едемы диссаджы цӕхӕрадонӕй. Зоныс ӕй, цӕмӕн?

Уымӕн ӕмӕ уыдон тынг ӕвзӕр хъуыддаг сарӕзтой. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй Иегъовӕ бафхӕрдта. Адам ӕмӕ Евӕ цы ’взӕрдзинад сарӕзтой, уый зоныс?

Хуыцау сӕ цӕмӕй бафӕдзӕхста, афтӕ ма бакӕнут, зӕгъгӕ, уый бакодтой. Хуыцау сын загъта, сӕ бон кӕй у цӕхӕрадоны ӕппӕт бӕлӕсты дыргътӕй дӕр хӕрын. Ӕрмӕстдӕр иу бӕласы дыргътӕй хъуамӕ ма бахордтаиккой, науӕд сӕм ӕнхъӕлмӕ каст мӕлӕт. Уыцы бӕлас Хуыцау ныууагъта йӕхицӕн. Мах зонӕм, дӕу цы нӕу, уый исын тынг ӕвзӕр кӕй у, афтӕ нӕу? Уӕдӕ уӕд цы ’рцыд?

Иу бон Евӕ цӕхӕрадоны иунӕгӕй куы баззад, уӕд ӕм калм адӕймаджы ӕвзагӕй сдзырдта. Ахъуыды ма кӕн! Уый Евӕйӕн загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау афтӕ цы бӕласӕй загъта, ма дзы бахӕрут, уымӕй бахӕр. Фӕлӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ калм адӕймаджы ӕвзагӕй дзура, уымӕн ӕмӕ йӕ Иегъовӕ афтӕ не сфӕлдыста. Уымӕ гӕсгӕ, калмы уылты дзырдта ӕндӕр чидӕр. Фӕлӕ чи?

Уый нӕ уыди Адам. Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, зӕд уыди. Хъуыды ма кӕныс, Иегъовӕ зӕхх куы нӕма скодта, уымӕй бирӕ раздӕр зӕдты кӕй сфӕлдыста? Махӕн сӕ нӕ бон уынын нӕу. Уыцы зӕдтӕй иу сси тынг сӕрбӕрзонд. Уый хъуыды кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ, куыд Хуыцау, афтӕ хъуамӕ паддзахиуӕг кӕнон ӕз. Уый тынг фӕндыд, цӕмӕй адӕм Хуыцаумӕ нӕ, фӕлӕ уымӕ хъуыстаиккой. Уӕдӕ калмы уылты дӕр уыцы зӕд дзырдта.

Зӕд Евӕйы фӕсайдта. Афтӕ йын куы загъта, зӕгъгӕ, уыцы дыргъ бахӕр ӕмӕ Хуыцауы хуызӕн суыдзынӕ, уӕд Евӕйы бауырныдта ӕмӕ дзы бахордта. Уый фӕстӕ дзы бахордта Адам дӕр. Адам ӕмӕ Евӕ нӕ байхъуыстой Хуыцаумӕ, ӕмӕ уый тыххӕй сӕ рӕсугъд дзӕнӕты хӕдзарӕй сырд ӕрцыдысты.

Фӕлӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ иу бон зӕхх фӕстӕмӕ суыдзӕн Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн рӕсугъд бынат. Фӕстӕдӕр базондзыстӕм, уыцы хъуыддаджы дӕуӕн дӕр дӕ бон хайад исын куыд уыдзӕн, уый. Ныр та уал ӕркӕсӕм, Адам ӕмӕ Евӕйыл дарддӕр цы ’рцыд, уымӕ.