Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 РАДЗЫРД

Райдыдта зын цард

Райдыдта зын цард

АДАМ ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадоны куы нал цардысты, уӕд ӕййӕфтой бирӕ зындзинӕдтӕ. Цӕмӕй сӕхицӕн къӕбӕр амал кодтаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди бирӕ фыдӕбон кӕнын. Рӕсугъд дыргъхӕссӕг бӕлӕсты бӕсты ныр сӕ алыварс уыдтой сындзытӕ ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг. Адам ӕмӕ Евӕйыл уыцы хабар ӕрцыд, Хуыцаумӕ куы нӕ байхъуыстой ӕмӕ, йӕ хӕлӕрттӕ уыдаиккой, уый сӕ куы нал бафӕндыд, уӕд.

Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ иууыл стырдӕр бӕллӕх уый уыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ каст. Хъуыды ма кӕныс, Хуыцау сӕ кӕй бафӕдзӕхста, цӕхӕрадоны иу бӕласӕй куы бахӕрой, уӕд кӕй амӕлдзысты? Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, куыддӕр уыцы бӕласӕй бахордтой, афтӕ мӕлӕты фӕндагыл ныллӕууыдысты. Цы ӕнӕсӕр ми бакодтой, Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уымӕй!

Адам ӕмӕ Евӕйы сывӕллӕттӕ иууылдӕр райгуырдысты, Хуыцау сын сӕ ныййарджыты Едемы цӕхӕрадонӕй куы фӕсырдта, уый фӕстӕ. Ӕмӕ иугӕр афтӕ рауад, уӕд уыцы сывӕллӕттӕн дӕр сӕ фӕстаг цыд зӕронд ӕмӕ мӕлӕтмӕ.

Ехх, Адам ӕмӕ Евӕ Иегъовӕмӕ куы хъуыстаиккой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр куыд амондджынӕй цардаиккой! Уӕд сӕ бон уыдаид зӕххыл ӕнустӕм ӕнӕмастӕй цӕрын. Зӕронд дӕр сӕ ничи кодтаид, рынчын дӕр ӕмӕ мӕлгӕ дӕр.

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй адӕм ӕнустӕм амондджынӕй цӕрой, ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, уыцы цард ӕнӕмӕнг кӕй ӕрцӕудзӕн. Уӕд канд зӕхх ӕмӕ ӕрдз нӕ уыдзысты рӕсугъд, фӕлӕ ӕппӕт адӕм дӕр уыдзысты ӕнӕниз ӕмӕ цардӕфсӕст. Зӕххыл ӕппӕт адӕм дӕр, куыд сӕ кӕрӕдзиимӕ, афтӕ Хуыцауимӕ дӕр цӕрдзысты хӕларӕй.

Фӕлӕ Евӕ аиуварс кодта Хуыцауы хӕлардзинад, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ ӕнцон нӕ уыд сывӕллӕттӕ арын. Стыр рыстытӕ-иу бавзӕрста. Кӕсыс, Иегъовӕмӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый йын цас маст ӕмӕ бӕллӕхтӕ ӕрхаста.

Адам ӕмӕ Евӕйӕн райгуырд бирӕ лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. Сӕ фыццаг фырты схуыдтой Каин, сӕ дыккаг фырты та – Авел. Цы хабар сыл ӕрцыд, уый зоныс?