Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 РАДЗЫРД

Хъӕбатыр адӕймаг

Хъӕбатыр адӕймаг

ЗӔХХЫЛ адӕм куы сбирӕ сты, уӕд сӕ фылдӕр Каинау кодтой фыдхъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ се ’хсӕн уыд иу адӕймаг, ӕмӕ уый уыдоны хуызӕн нӕ уыд. Йӕ ном хуынди Енох. Уый уыд хъӕбатыр адӕймаг. Кӕд йӕ алыварс адӕм иууылдӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кодтой, уӕддӕр Енох лӕггад кодта Хуыцауӕн.

Уыцы адӕм афтӕ бирӕ фыдхъуыддӕгтӕ цӕмӕн кодтой, уый зоныс? Ӕрхъуыды ма кӕн, Адам ӕмӕ Евӕйы Хуыцауы ныхмӕ чи скодта ӕмӕ сын чи бахӕрын кодта, Хуыцау афтӕ цы дыргъӕй загъта, ма дзы бахӕрут, зӕгъгӕ, уымӕй? Раст зӕгъыс, уый уыд ӕвзӕр зӕд. Библи йӕ хоны Сайтан. Уый йӕ тых йӕ бонӕй архайы, цӕмӕй алы адӕймаг дӕр суа ӕвзӕргӕнӕг.

Иу хатт Иегъовӕ Енохы арвыста, цӕмӕй адӕмӕн фехъусын кодтаид иу хабар. Фӕлӕ йӕм адӕм нӕ хъуыстой. Уый сын дзырдта: «Хуыцау снысан кодта ӕвзӕр адӕмы фесафыны бон». Адӕм уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тынг смӕсты сты. Суанг ма Енохы марынвӕнд дӕр скодтой. Уӕдӕ цӕмӕй Енох уыцы адӕмӕн, Хуыцау цы саразынмӕ хъавыд, уый фехъусын кодтаид, уый тыххӕй йӕ стыр хъӕбатырдзинад хъуыд.

Хуыцау Енохӕн уыцы ӕвзӕр адӕмы ’хсӕн цӕрынӕн бирӕ рӕстӕг нӕ радта. Енох фӕцард ӕрмӕстдӕр ӕртӕсӕдӕ ӕхсай фондз азы. Куыд дӕм кӕсы, афтӕ цӕмӕн дзурӕм, «ӕрмӕстдӕр 365 азы», зӕгъгӕ? Уымӕн ӕмӕ уӕд адӕм бирӕ фидардӕр уыдысты ӕмӕ цӕргӕ дӕр бирӕ фылдӕр кодтой. Ахъуыды ма кӕн, Енохӕн йӕ фырт Мафусал 969 (фарастсӕдӕ ӕхсай фараст) азы фӕцард!

Енохы мӕлӕты фӕстӕ адӕм бынтон фехӕлдысты. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕрмӕстдӕр ӕвзӕрдзинады ’рдӕм здӕхт уыдысты», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ «зӕхх байдзаг тыхмийӕ».

Уӕды рӕстӕджы зӕххыл афтӕ бирӕ ӕвзӕрдзинӕдтӕ цӕмӕн уыд, уый зоныс? Уымӕн ӕмӕ Сайтан ссардта ног мадзал адӕмы ӕвзӕр хъуыддӕгтыл ӕфтауынӕн. Уый тыххӕй базондзыстӕм иннӕ радзырды.