Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 РАДЗЫРД

Ной аразы нау

Ной аразы нау

НОЙӔН уыди ус ӕмӕ ӕртӕ лӕппуйы. Йӕ фырттӕ хуындысты Сим, Хам ӕмӕ Иафет. Уыдонӕй алкӕмӕндӕр уыди ус. Уӕдӕ Нойы бинонтӕ ӕдӕппӕт уыдысты аст адӕймаджы.

Хуыцау Нойӕн бахӕс кодта тынг ӕнахуыр хъуыддаг – тынг стыр нау саразын. Уыцы нау уыдис стыр ӕмӕ даргъ асыччы хуызӕн. «Ӕртӕ уӕладзыджы дзы скӕн,– загъта Хуыцау Нойӕн,– ӕмӕ дзы сараз хицӕн хатӕнтӕ». Уыцы хатӕнтӕ уыдысты Ной, йӕ бинонтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕн цӕрынӕн, стӕй ма сӕ хӕринагӕй цы бахъуыдаид, уый бафснайынӕн дӕр.

Хуыцау ма Нойӕн ноджыдӕр загъта, зӕгъгӕ, нау сараз, дон дзы куыннӕ бахъара, афтӕ. Хуыцау загъта: «Ӕз рауадздзынӕн стыр доны хъаймӕт ӕмӕ дуне ӕгасӕй дӕр фесафдзынӕн. Науы ӕддейӕ цыдӕриддӕр баззайа, уыдон иууылдӕр фесӕфдзысты».

Ной ӕмӕ йӕ фырттӕ байхъуыстой Иегъовӕмӕ ӕмӕ ӕрӕвнӕлдтой нау аразынмӕ. Иннӕ адӕм та сыл худӕгӕй мардысты. Уыдон дарддӕр дӕр сӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кодтой. Ӕмӕ сӕ Ной куы фӕдзӕхста, Хуыцау цы сараздзӕн, уый тыххӕй, уӕд йӕ ныхӕстӕ никӕй уырныдтой.

Нау тынг стыр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ саразынӕн бирӕ рӕстӕг бахъуыд. Ӕмӕ бирӕ азты фӕстӕ сцӕттӕ. Хуыцау загъта Нойӕн, зӕгъгӕ, бакӕн цӕрӕгойты наумӕ. Цӕрӕгойтӕй иутӕй бакӕнын хъуыд къӕйттӕ – нӕл ӕмӕ сыл. Иннӕтӕй та – ӕвдгӕйттӕ. Хуыцау ма Нойӕн ноджыдӕр загъта, цӕмӕй наумӕ бакодтаид алыхуызон мӕргътӕ дӕр. Ӕмӕ Ной растдӕр афтӕ бакодта.

Фӕстагмӕ наумӕ бацыдысты Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр. Ӕмӕ уӕд Хуыцау сӕхгӕдта дуар. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ мидӕгӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты. Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн: ды дӕр науы семӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс. Цымӕ ӕцӕгдӕр ӕрцӕудзӕн, Хуыцау цы доны хъаймӕтӕй фӕдзӕхста, уый?