Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 РАДЗЫРД

Ӕппӕтдунеон Доны хъаймӕт

Ӕппӕтдунеон Доны хъаймӕт

НАУЫ ӕдде цы адӕм баззад, уыдон сӕ цард дарддӕр кодтой, цыма никуы ӕмӕ ницы, афтӕ. Доны хъаймӕт кӕй ӕрцӕудзӕн, уый сӕ нӕ уырныдта. Ӕвӕццӕгӕн, уӕд уӕлдай тынгдӕр худтысты Нойыл. Фӕлӕ сӕ худын бирӕ нӕ ахаста.

Ӕвиппайды дон кӕлын байдыдта – къӕртайӕ калӕгау! Куыд раст уыдысты Нойы ныхӕстӕ! Фӕлӕ ныр йӕ бон никӕмӕнуал уыд наумӕ бацӕуын. Иегъовӕ йын йӕ дуар ӕнгом сӕхгӕдта.

Фӕзтӕ донӕй нал зындысты. Дон лӕсӕнтӕ кодта ӕмӕ ӕд уидӕгтӕ фӕлдӕхта бӕлӕстӕ, гыбаргыбургӕнгӕ йӕ разӕй хаста стыр дуртӕ. Адӕм фыртӕссӕй цы фӕуыдаиккой, уый нал зыдтой. Уыдон бырыдысты бӕрзонд бынӕттӕм. Охх, сӕхи фӕсмонӕй куыд хордтой, Ноймӕ кӕй нӕ байхъуыстой ӕмӕ, дуар цалынмӕ гом уыд, уӕдмӕ наумӕ кӕй нӕ бахызтысты, уый тыххӕй! Фӕлӕ ма ныр цы.

Дон уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр кодта. Дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы уӕларвӕй дон калд ӕнӕрынцайгӕйӕ. Уӕдмӕ ӕмбӕрзын райдыдта хӕхты фӕхстӕ ӕмӕ тагъд рӕстӕджы донӕй нал зындысты тӕккӕ бӕрзонддӕр хӕхтӕ дӕр. Ӕцӕгдӕр сӕххӕст сты Хуыцауы ныхӕстӕ: науы ӕдде цы адӕм ӕмӕ цы цӕрӕгойтӕ баззад, уыдон ныццагъды сты, мидӕгӕй чи уыд, уыдон та сӕрӕгасӕй баззадысты.

Ной ӕмӕ йӕ фырттӕ нау иттӕг хорз сарӕзтой. Дон куыд фылдӕр кодта, афтӕ нау дӕр уӕлӕмӕ цыд ӕмӕ ленк кодта доныл. Иу бон къӕвда йӕ уарынӕй банцад ӕмӕ хур ракаст. Диссаджы ныв! Кӕцырдӕм фӕнды ма акастаис, алыран зындис дон, денджызыл цӕст не ’ххӕссыд. Ӕрмӕстдӕр нау ленк кодта доны уӕлӕ.

Зӕххыл нал уыд уӕйгуытӕ. Уыдон адӕмы никуыуал хъыгдардзысты. Иу дӕр дзы нал баззад, сӕ мадӕлтимӕ ӕмӕ иннӕ фыдадӕмимӕ ныццагъды сты. Фӕлӕ сӕ фыдӕлтӕ та цы фесты?

Уӕйгуытӕн сӕ фыдӕлтӕ мах хуызӕн адӕм нӕ уыдысты. Уыдон уыдысты, зӕхмӕ адӕймӕгтау цӕрынмӕ чи ӕрцыд, уыцы зӕдтӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Доны хъаймӕты иннӕ адӕмимӕ нӕ фесӕфтысты. Уыдон сӕ зӕххон буӕрттӕ ныууагътой ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕларвмӕ аздӕхтысты зӕдтӕй. Фӕлӕ сӕ Хуыцау нал райста, нал сын радта йӕ иннӕ зӕдтимӕ цӕрыны бар. Афтӕмӕй уыдон систы Сайтаны зӕдтӕ. Библи сӕ хоны хӕйрӕджытӕ.

Уый фӕстӕ Хуыцау зӕхмӕ дымгӕ рарвыста, ӕмӕ дон къаддӕр кӕнын райдыдта. Фондз мӕйы фӕстӕ нау ӕрлӕууыд бӕрзонд хӕхтӕй иуы цъуппыл. Фӕлӕ йӕ мидӕг чи уыд, уыдон цалынмӕ ӕддӕмӕ ракастысты ӕмӕ хӕхты цъуппытӕ федтой, уӕдмӕ рацыд бирӕ рӕстӕг. Дон къаддӕрӕй-къаддӕр кодта.

Уый фӕстӕ Ной науӕй рауагъта сау маргъ – халон. Халон иу цасдӕр аратӕх-батӕх кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрбатахт, уымӕн ӕмӕ кӕм ӕрбадтаид, ахӕм бынат не ссардта. Афтӕ бакодта Ной цалдӕр хатты, фӕлӕ та-иу алы хатт дӕр халон фӕстӕмӕ ӕрбатахт ӕмӕ-иу науыл ӕрбадт.

Нойы фӕндыд базонын, зӕххыл дон фӕкъаддӕр ӕви нӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ныр та науӕй рауагъта бӕлоны. Фӕлӕ бӕлон дӕр, кӕм ӕрбадтаид, ахӕм бынат не ссардта, ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрбатахт. Дыккаг хатт ӕй куы ауагъта, уӕд фӕстӕмӕ ӕрбатахт, бӕласы сыф йӕ дзыхы, афтӕмӕй. Уӕд Ной бамбӕрста, дон кӕй фӕкъаддӕр. Ӕртыккаг хатт дӕр та ауагъта бӕлоны, ӕмӕ уый йӕхицӕн сур бынат ссардта ӕмӕ уым баззад.

Ӕмӕ уӕд Хуыцау Нойӕн загъта: «Рахиз науӕй. Ракӕн дӕ бинонты ӕмӕ ӕппӕт цӕрӕгойты дӕр». Ахъуыды ма кӕн, иу азӕй фылдӕр фесты науы. Куыд цин кодтой, ногӕй та зӕххыл сӕрӕгасӕй кӕй лӕууыдысты, ууыл!