Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 ХАЙ

Доны хъаймӕтӕй, Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар сты, уӕды онг

Доны хъаймӕтӕй, Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар сты, уӕды онг

Ӕрмӕстдӕр аст адӕймаджы фервӕзти Доны хъаймӕты. Фӕлӕ рӕстӕг цыд, ӕмӕ та адӕм фӕстӕмӕ сбирӕ сты. Доны хъаймӕтӕй 352 (ӕртӕсӕдӕ фӕндзай дыууӕ) азы фӕстӕ райгуырд Авраам. Мах базондзыстӕм, Хуыцау Авраамӕн куыд загъта, зӕгъгӕ дын фырт Исахъ райгуырдзӕн, ӕмӕ йӕ ныхас ӕцӕгдӕр куыд сӕххӕст кодта. Афтӕ ма Исахъы дыууӕ фыртӕй Хуыцау Иаковы куыд равзӕрста, уый дӕр.

Иаковӕн стыр бинонтӕ уыд, дыууадӕс лӕппуйы ӕмӕ цалдӕр чызджы. Йӕ дӕс фырты сӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Иосифы нӕ уарзтой ӕмӕ йӕ Египетмӕ ауӕй кодтой. Фӕстӕдӕр уым Иосиф сси стыр хицау. Ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд Иосиф бафӕлвӕрдта йе ’фсымӕрты, цӕмӕй базыдтаид, афтӕ дурзӕрдӕ ма сты ӕви нӕ. Ӕппынфӕстаг афтӕ рауад, ӕмӕ Иаковы бинонтӕ, израилӕгтӕ, иууылдӕр алыгъдысты Египетмӕ. Уыцы хабар ӕрцыд Авраамы райгуырдӕй 290 (дыууӕсӕдӕ нӕуӕдз) азы фӕстӕ.

Уый фӕстӕ 215 (дыууӕсӕдӕ фынддӕс) азы дӕргъы израилӕгтӕ цардысты Египеты. Иосиф куы амард, уӕд сӕ египетӕгтӕ сӕхицӕн цагъартӕ скодтой. Цасдӕры фӕстӕ райгуырд Моисей, ӕмӕ уый ӕххуысӕй Хуыцау израилӕгты ракодта Египетӕй. Ӕмткӕй райсгӕйӕ, ДЫККАГ ХАЙЫ дзырд цӕуы, 857 (астсӕдӕ фӕндзай авд) азы дӕргъы цы цаутӕ ӕрцыд, уыдоныл.

 

АЦЫ ХАЙЫ

11 РАДЗЫРД

Фыццаг арвӕрдын

Арвӕрдын-иу куы фенай, уӕд-иу дӕ зӕрдыл цы хъуамӕ ӕрлӕууа?

12 РАДЗЫРД

Адӕм стыр мӕсыг амайынц

Уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ сӕ куыд бафхӕрдта, уый абон дӕр адӕм сӕхиуыл ӕвзарынц.

13 РАДЗЫРД

Авраам – Хуыцауы хӕлар

Авраам йӕ хорз хӕдзар цӕмӕн ныууагъта ӕмӕ йӕ цард цатырты цӕргӕйӕ цӕмӕн арвыста?

14 РАДЗЫРД

Хуыцау фӕлвары Авраамы уырнындзинад

Хуыцау Авраамӕн цӕмӕн загъта, цӕмӕй йӕ фырты нывондӕн ӕрхастаид?

15 РАДЗЫРД

Лоты ус фӕстӕмӕ фӕкаст

Лоты усы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

16 РАДЗЫРД

Исахъ ссардта хорз ус

Ревеккӕ хорз ус цӕмӕн уыди? Рӕсугъд кӕй уыди, уый тыххӕй ӕви ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй?

17 РАДЗЫРД

Фаззӕттӕ – ӕмхуызон не сты

Сӕ фыд Исахъ фылдӕр Исавы уарзта, сӕ мад Ревеккӕ та – Иаковы.

18 РАДЗЫРД

Иаков ацыд Харранмӕ

Кӕд Иаков Рахилы уарзта, уӕддӕр фыццаг Лиайы ракуырдта.

19 РАДЗЫРД

Иаковы стыр бинонтӕ

Цымӕ Израилы 12 мыггаджы Иаковы 12 фырты нӕмттӕй хуынд ӕрцыдысты?

20 РАДЗЫРД

Динӕйыл ӕрцыд ӕнамонд хабар

Афтӕ уымӕн рауад, ӕмӕ ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ лымӕн кодта.

21 РАДЗЫРД

Иосиф йе ’фсымӕртӕн ӕнӕуынон фестад

Кӕйдӕрты сӕ цӕмӕн бафӕндыд сӕ хӕрзӕфсымӕры амарын?

22 РАДЗЫРД

Иосифы ахӕстоны ныппӕрстой

Закъон кӕй фехӕлдта, уый тыххӕй йӕ нӕ ныппӕрстой ахӕстоны, фӕлӕ раст цы у, уый кӕй арӕзта, уый тыххӕй.

23 РАДЗЫРД

Фараоны фынтӕ

Уыцы фынтӕ уыдысты авд хъуджы ӕмӕ авд ӕфсиры тыххӕй. Цымӕ сын иумӕйагӕй цы уыд?

24 РАДЗЫРД

Иосиф фӕлвары йе ’фсымӕрты

Кӕцӕй йӕ хъуамӕ базона, цагъарӕй йӕ куы ауӕй кодтой, уӕдӕй нырмӕ фӕивтой ӕви нӕ?

25 РАДЗЫРД

Бинонтӕ иууылдӕр алыгъдысты Египетмӕ

Иаковы бинонты израилӕгтӕ цӕмӕн хонынц?

26 РАДЗЫРД

Иов – Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг

Иов ӕнӕ исбонӕй баззад, йӕ цот амардысты ӕмӕ йыл ӕвзӕр низ бафтыд. Цымӕ уыцы зындзинӕдтӕ Хуыцауӕй уыдысты?

27 РАДЗЫРД

Египеты хицауиуӕг кӕны ӕвзӕр паддзах

Цымӕ ахӕм бардзырд цӕмӕн радта, цӕмӕй-иу алы ноггуырд дзуттаг лӕппуйы дӕр амардтаиккой?

Ноггуырд Моисей куыд фервӕзт

Кӕд фараон ахӕм бардзырд радта, цӕмӕй-иу алы ноггуырд дзуттаг лӕппуйы дӕр амардтаиккой, уӕддӕр Моисейы йӕ мад аирвӕзын кодта.

29 РАДЗЫРД

Моисей цӕмӕн алыгъди

Моисейыл 40 азы куы цыд, уӕд афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ цӕттӕ у израилӕгты цагъарадӕй ссӕрибар кӕнынмӕ, фӕлӕ цӕттӕ нӕ уыд.

30 РАДЗЫРД

Судзгӕ къутӕр

Иегъовӕ Моисейӕн цалдӕр диссаджы равдыста ӕмӕ йын афтӕмӕй бамбарын кодта, израилӕгты Египетӕй ракӕныны рӕстӕг кӕй ӕрцыд.

31 РАДЗЫРД

Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ

Цымӕ фараон Моисеймӕ цӕуылнӕ байхъуыста ӕмӕ израилӕгты цӕуылнӕ ауагъта?

32 РАДЗЫРД

Дӕс ӕфхӕрды

Хуыцау египетӕгтыл дӕс ӕфхӕрды ӕруагъта, уымӕн ӕмӕ сӕрбӕрзонд фараоны нӕ фӕндыд израилӕгты ауадзын.

33 РАДЗЫРД

Ахызтысты Сырх денджызыл

Моисей Сырх денджыз Хуыцауы тыхы фӕрцы адих кодта, ӕмӕ израилӕгтӕ денджызы сур быныл ахызтысты.