Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

14 РАДЗЫРД

Хуыцау фӕлвары Авраамы уырнындзинад

Хуыцау фӕлвары Авраамы уырнындзинад

УЫНЫС Авраам цы кусы, уый? Йӕ къухы ис кард ӕмӕ дзы, ӕнхъӕлдӕн, йӕ фырты марынмӕ хъавы. Цӕмӕн? Цӕмӕй ацы фарстӕн дзуапп раттӕм, уый тыххӕй уал фыццаг ӕркӕсӕм, Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн лӕппу куыд райгуырд, уымӕ.

Хъуыды ма кӕныс, Хуыцау сын кӕй загъта, фырт уын уыдзӕн, зӕгъгӕ? Авраам ӕмӕ Саррӕ тынг зӕронд кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ афтӕ зынди, цыма уымӕн гӕнӕн нӕй. Фӕлӕ Авраам нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау йӕ дзырд кӕй нӕ фӕсайдзӕн, ууыл. Уӕдӕ цы ’рцыд?

Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ куы бавӕрдта, фырт дын райгуырдзӕн, зӕгъгӕ, уӕдӕй рацыд ӕнӕхъӕн афӕдз. Ӕмӕ Авраамыл сӕдӕ азы куы цыд, Саррӕйыл та – нӕуӕдз, уӕд сын райгуырд фырт Исахъ. Хуыцау йӕ ныхас сӕххӕст кодта!

Фӕлӕ Исахъ куы бахъомыл, уӕд Иегъовӕ сфӕнд кодта Авраамы уырнындзинад бафӕлварын. Ӕмӕ йӕм фӕдзырдта: «Авраам!» «Мӕнӕ дӕн!»,– дзуапп радта Авраам. «Акӕн демӕ дӕ фырты, дӕ иунӕг хъӕбул Исахъы, ӕмӕ ацу хохмӕ, ӕз дын кӕдӕм бацамонон, уырдӕм. Уым дӕ фырты амар ӕмӕ йӕ нывондӕн ӕрхӕсс»,– загъта йын Хуыцау.

Куыд зын уыдысты уыцы ныхӕстӕ Авраамӕн, йӕ иунӕг хъӕбулы афтӕ тынг чи уарзта, уымӕн! Уымӕй уӕлдай ма хъуыды кӕндзынӕ, Хуыцау Авраамӕн дзырд кӕй радта, зӕгъгӕ, Ханааны зӕхх уыдзӕн дӕ сывӕллӕтты. Ӕмӕ Исахъ куы амӕла, уӕд ма уымӕн гӕнӕн куыд уыдзӕн? Кӕд Авраам уый не ’мбӕрста, уӕддӕр Хуыцауы коммӕ бакаст.

Хохмӕ куы схӕццӕ сты, уӕд Авраам Исахъы сбаста ӕмӕ, нывонд ӕрхӕссынӕн цы бынат сарӕзта, уым ӕй ӕрӕвӕрдта. Уый фӕстӕ йӕ кӕрддзӕмӕй кард сласта йӕ фырты амарынмӕ. Фӕлӕ йӕм уыцы тӕккӕ Хуыцауы зӕд фӕдзырдта: «Авраам, Авраам!» «Мӕнӕ дӕн!»,– дзуапп радта Авраам. «Мацы зиан ракӕн лӕппуйӕн, ма йӕм фӕкӕн дӕ къух,– загъта Хуыцау.– Ныр ӕй зонын, кӕй мыл ӕууӕндыс, уымӕн ӕмӕ мын нӕ бавгъау кодтай дӕ фырты, дӕ иунӕг хъӕбулы».

Цӕй тынг ӕууӕндыд, ӕвӕдза, Авраам Хуыцауыл! Фидарӕй йӕ уырныдта, Иегъовӕйӕн йӕ бон алцыдӕр кӕй у, ӕмӕ Исахъы мӕрдтӕй дӕр кӕй райгас кӕндзӕн. Ӕцӕгӕй та Хуыцауы нӕ фӕндыд, цӕмӕй Авраам Исахъы амардтаид. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ Авраамы фарсмӕ къутӕрты фыр йӕ сыкъатӕй стыхсти, ӕмӕ йын Иегъовӕ загъта, цӕмӕй йӕ фырты бӕсты уыцы фыр ӕрхастаид нывондӕн.