Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

16 РАДЗЫРД

Исахъ ссардта хорз ус

Исахъ ссардта хорз ус

АЦЫ нывы цы сылгоймаджы уыныс, уый зоныс чи у? Уый у Ревеккӕ. Цы нӕлгоймаджы размӕ фӕцӕуы, уый та у Исахъ. Ревеккӕ хъуамӕ суа йӕ бинойнаг. Афтӕ куыд рауад?

Исахъы фыд Авраамы фӕндыд йӕ фыртӕн хорз ус ӕрхӕссын. Уый нӕ фӕндыд, цӕмӕй Исахъ ханаайнаг чызджытӕй искӕй ракуырдтаид, уымӕн ӕмӕ уыцы адӕм мӕнг хуыцӕуттӕн куывтой. Уымӕ гӕсгӕ Авраам фӕдзырдта йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мӕн фӕнды, цӕмӕй фӕстӕмӕ ацӕуай, мӕ хӕстӕджытӕ кӕм цӕрынц, уыцы бӕстӕм, Харранмӕ, ӕмӕ мын уырдыгӕй мӕ фырт Исахъӕн ус ӕркӕнай».

Авраамы лӕггадгӕнӕг уыцы тӕккӕ сыстад, дӕс теуайы срӕвдз кодта ӕмӕ араст дард балцы. Авраамы хӕстӕджытӕ кӕм цардысты, уырдӕм куы баввахс, уӕд цъайы цур ӕрлӕууыд. Изӕрырдӕм ацы сахары сылгоймӕгтӕ цӕуын райдайынц цъайӕ дон исынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ Авраамы лӕггадгӕнӕг скуывта Иегъовӕмӕ: «Ахӕм арфӕ мын ракӕн, цӕмӕй, Исахъӕн усӕн кӕй равзӕрстай, уыцы чызг дон бадара мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ теуатӕн дӕр».

Уӕдмӕ дон хӕссынмӕ ӕрбацыд Ревеккӕ. Лӕггадгӕнӕг дзы дон куы ракуырдта, уӕд ын ӕнӕзивӕгӕй авӕрдта. Уый фӕстӕ ацыд ӕмӕ йын дон фӕиста йӕ теуатӕн дӕр. Ӕмӕ уый та ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ теуатӕ тынг бирӕ дон нуазынц.

Ревеккӕ йӕ куыст куы фӕци, уӕд ӕй Авраамы лӕггадгӕнӕг бафарста, кӕй чызг дӕ, зӕгъгӕ. Афтӕ ма йӕ бафарста, йӕ бон уыдзӕн сӕ хӕдзары бахсӕвиуат кӕнын ӕви нӕ. Ревеккӕ йын загъта: «Ӕз дӕн Вафуилы чызг, ӕмӕ нӕ хӕдзары дӕуӕн дӕр ссардзыстӕм бынат». Авраамы лӕггадгӕнӕг зыдта, Вафуил Авраамӕн йе ’фсымӕр Нахоры фырт кӕй у, уый. Уымӕ гӕсгӕ ӕрзоныгуыл кодта ӕмӕ сӕрныллӕгӕй бузныг загъта Иегъовӕйӕн, комкоммӕ йӕ Авраамы хӕстӕджытӕм кӕй ӕркодта, уый тыххӕй.

Уыцы изӕр Авраамы лӕггадгӕнӕг Вафуилӕн ӕмӕ Ревеккӕйы ӕфсымӕр Лаванӕн бамбарын кодта, йе ’рцыды сӕр цы у, уый. Сӕ дыууӕ дӕр сразы сты, цӕмӕй Ревеккӕ йемӕ ацыдаид ӕмӕ Исахъӕй смой кодтаид. Фӕлӕ цы загъта Ревеккӕ йӕхӕдӕг та? Уый разы уыд ацӕуыныл. Уымӕ гӕсгӕ дыккаг бон сбадтысты теуатыл ӕмӕ фӕстӕмӕ Ханаанмӕ араст сты.

Ӕрхӕццӕ сты изӕрырдӕм. Ревеккӕ федта быдыры иу нӕлгоймаджы ӕрбацӕйцӕугӕ. Уый уыд Исахъ. Ревеккӕйы куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс. Кӕд Исахъы мад Саррӕ ӕртӕ азы размӕ амард, уӕддӕр йӕ зӕрдӕйы рис нӕма ссыди. Фӕлӕ ныр Ревеккӕйы бауарзта, ӕмӕ та уымӕй амондджындӕр ничиуал уыди.