Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

23 РАДЗЫРД

Фараоны фынтӕ

Фараоны фынтӕ

ДЫУУӔ азы рацыд, фӕлӕ ма Иосиф уӕддӕр ис ахӕстоны. Сӕндар ӕй афтӕ дӕр не ’рхъуыды кодта. Фӕлӕ иу ӕхсӕв фараон федта дыууӕ ӕнахуыр фыны ӕмӕ йӕ тынг бафӕндыд базонын, йӕ фынтӕ цы нысан кӕнынц, уый. Уыныс ӕй, куыд фынӕй кӕны? Райсомӕй фараон фӕдзырдта йӕ бӕстӕйы зондджын лӕгтӕм ӕмӕ сын дзуры, йӕ фыны цы федта, уыдӕттӕ. Фӕлӕ никӕй бон у фараоны фынтӕ райхалын.

Уыцы рӕстӕджы сӕндары зӕрдыл ӕрлӕууыд Иосиф. Уый зӕгъы фараонӕн:

– Ахӕстоны куы бадтӕн, уӕд уым уыд, фынтӕ чи хӕлдта, иу ахӕм адӕймаг.

Фараон уыцы тӕккӕ ӕрбакӕнын кодта Иосифы ахӕстонӕй.

Фараон Иосифӕн дзуры йӕ фынтӕ:

– Ӕз федтон авд хӕрзхаст ӕмӕ рӕсугъд хъуджы. Уый фӕстӕ та федтон ӕндӕр авд хъуджы дӕр, уыдоныл та царм ӕмӕ стджытӕ йеддӕмӕ ницы уыд. Ӕмӕ мӕллӕг хъуццытӕ бахордтой нард хъуццыты.

– Дыккаг хатт та федтон авд дзаг ӕфсиры иу зӕнгыл,– дзуры дарддӕр фараон.– Уый фӕстӕ та федтон авд лыстӕг ӕфсиры хус нӕмгуытимӕ. Ӕмӕ лыстӕг ӕфсиртӕ ныхъуырын райдыдтой авд дзаг ӕфсиры.

Иосиф фараонӕн загъта:

– Дыууӕ фыны дӕр амонынц иу цӕмӕдӕр. Авд хӕрзхаст хъуджы ӕмӕ авд дзаг ӕфсиры сты авд азы, авд мӕллӕг хъуджы ӕмӕ авд лыстӕг ӕфсиры та – иннӕ авд азы. Фыццаг авд азы Египеты хор уыдзӕн бирӕ. Уый фӕстӕ авд азы та бӕстыл хӕринаг нӕ фаг кӕндзӕн.

Уымӕ гӕсгӕ Иосиф фараонӕн бауынаффӕ кодта:

– Ссар зондджын адӕймаг ӕмӕ йӕ сӕвӕр хицауӕй, цӕмӕй уыцы хъӕздыг авд азы дӕргъы хор дзӕбӕх ӕфснайд цӕуа. Ӕмӕ уӕд иннӕ авд ӕххормаг азы куы ’рцӕуой, уӕд дӕ адӕмӕн, цы хӕрой, уый уыдзӕн.

Фараоны зӕрдӕмӕ фӕцыд уыцы хъуыды. Ӕмӕ Иосифы равзӕрста, цӕмӕй уый кӕса, хӕринаг куыд ӕмбырд цӕуы ӕмӕ куыд ӕвӕрд цӕуы, уымӕ. Уыйадыл Иосиф Египеты сси фараоны фӕстӕ дыккаг лӕг.

Аст азы фӕстӕ, ӕххормаг заман куы райдыдта, уӕд Иосифмӕ ӕрцыд цалдӕр лӕджы. Чи сты, уый зоныс? Мӕнӕ диссаг, Иосифы дӕс хистӕр ӕфсымӕры! Сӕ фыд Иаков сӕ рарвыста Египетмӕ, уымӕн ӕмӕ сын сӕ райгуырӕн бӕстӕйы, Ханааны, хӕринаг ницыуал уыд. Иосиф базыдта йе ’фсымӕрты, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ базыдтой. Куыд дӕм кӕсы, цӕуылнӕ йӕ базыдтой? Уымӕн ӕмӕ Иосиф сдынджыр ӕмӕ йӕ уӕлӕ уыд ӕндӕр дарӕс.

Иосифы зӕрдыл ӕрлӕууыд, гыццылӕй йӕм фыны йе ’фсымӕртӕ кӕй ӕрцыдысты ӕмӕ йын сӕ сӕртӕй кӕй бакуывтой. Хъуыды ма кӕныс, куы кастыстӕм уый тыххӕй? Уымӕ гӕсгӕ, Иосиф ӕмбары, Египетмӕ йӕ Хуыцау хорз хъуыддагӕн кӕй арвыста, уый. Дӕумӕ гӕсгӕ, Иосиф цы бакӕндзӕн? Цӕй, ӕркӕсӕм дарддӕр.