Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

24 РАДЗЫРД

Иосиф фӕлвары йе ’фсымӕрты

Иосиф фӕлвары йе ’фсымӕрты

ИОСИФЫ фӕнды базонын, йе ’фсымӕртӕ ма раздӕрау мӕнгард ӕмӕ дурзӕрдӕ сты ӕви нӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын дзуры: «Сымах сгарджытӕ стут. Сымах уый тыххӕй ӕрбацыдыстут, цӕмӕй базонат нӕ бӕстӕйы лӕмӕгъ бынӕттӕ».

– Нӕ, мах сгарджытӕ не стӕм,– загътой уыдон.– Мах рӕстаг адӕймӕгтӕ стӕм. Не ’ппӕт дӕр иу фыды зӕнӕг стӕм. Кӕддӕр дыууадӕс ӕфсымӕры уыдыстӕм. Фӕлӕ не ’фсымӕртӕй иу нал ис, ӕппӕты кӕстӕр та хӕдзары баззад нӕ фыдимӕ.

Иосиф йӕхи афтӕ дары, цыма сыл не ’ууӕнды. Ӕфсымӕртӕй иуы, Симеоны, ахӕстоны бакодта, иннӕтӕн та хӕринаг радта ӕмӕ сӕ ауагъта сӕ хӕдзармӕ. Фӕлӕ сын фӕстагмӕ загъта: «Ардӕм ма куы цӕуат, уӕд-иу уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры уемӕ ракӕнут».

Ӕфсымӕртӕ фӕстӕмӕ Ханаанмӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕд сӕ фыд Иаковӕн радзырдтой, цыдӕриддӕр сыл ӕрцыд, уый. Иаков тынг ӕрӕнкъард, скуыдта ӕмӕ загъта: «Иосиф нал ис, ныр Симеон дӕр бабын. Нӕ, мӕ кӕстӕр фырт Вениамины уын уемӕ нӕ ауадздзынӕн». Фӕлӕ сӕм хӕринаг куы нал баззад, уӕд ма Иаковӕн цы гӕнӕн уыд, ӕмӕ сын семӕ Египетмӕ ауагъта Вениамины дӕр, цӕмӕй сӕ бинонтӕн хор ӕрхӕссой.

Иосиф уыны, йе ’фсымӕртӕ та йӕм кӕй ӕрбацӕуынц, уый. Йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Вениамины уынд ын тынг ӕхсызгон у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдонӕй ничи зоны, уыцы стыр хицау Иосиф кӕй у, уый. Ацы хатт дӕр та Иосифӕн йӕ зӕрды ис йӕ дӕс ӕфсымӕры искуыд бафӕлварын.

Йӕ лӕггадгӕнджытӕн бардзырд радта, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр сӕ голджытӕ хорӕй байдзаг кӕной. Ӕмӕ ма йӕ ’фсымӕрты сусӕгӕй Вениамины голладжы сӕвӕрдта йӕ ӕвзист къус дӕр. Куы араст сты ӕмӕ иу дзӕвгар куы адард сты, уӕд сын Иосиф сӕ фӕдыл арвыста йӕ лӕггадгӕнджыты. Уыдон сӕ куы баййӕфтой, уӕд сын загътой: «Цӕмӕн адавтат нӕ хицауы ӕвзист къус?»

– Махӕй йын ничи адавта йӕ къус,– иумӕ загътой ӕфсымӕртӕ.– Фенут, ӕмӕ уыцы къус кӕй голладжы ссарат, уый мард ӕрцӕуӕд.

Лӕггадгӕнджытӕ сӕ алкӕй голлаг дӕр федтой, ӕмӕ къус разынд Вениамины голладжы, нывы куыд уыныс, афтӕ. Уӕд лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Сымах дарддӕр кӕнут уӕ фӕндаг, Вениамин та ацӕудзӕн немӕ». Куыд бакӕндзысты ныр йӕ хӕрзӕфсымӕртӕ?

Вениаминимӕ иумӕ се ’ппӕт дӕр раздӕхтысты Иосифы хӕдзармӕ. Иосиф дзуры йе ’фсымӕртӕн: «Сымах ацӕут уӕ хӕдзармӕ, Вениамин та ам мӕ цагъар уыдзӕн».

– Лӕппу мемӕ куы нӕ уа,– дзуры Иудӕ,– ӕмӕ афтӕмӕй куы ӕрыздӕхон хӕдзармӕ, уӕд ӕй мӕ фыд не сфӕраздзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ тынг уарзы. Лӕгъстӕ дын кӕнын, мӕн ныууадз цагъарӕн. Ӕрмӕст лӕппуйы ауадз хӕдзармӕ.

Ныр Иосиф уыны, йе ’фсымӕртӕ ӕцӕг кӕй фӕивтой, уый. Уыдон раздӕрау мӕнгард ӕмӕ дурзӕрдӕ нал сты. Уӕдӕ базонӕм, Иосиф дарддӕр цы бакӕндзӕн, уый.