Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

25 РАДЗЫРД

Бинонтӕ иууылдӕр алыгъдысты Египетмӕ

Бинонтӕ иууылдӕр алыгъдысты Египетмӕ

ИОСИФӔН йӕ бон нал у йӕхиуыл хӕцын. Уый дзуры йӕ лӕггадгӕнджытӕн, цӕмӕй иууылдӕр уатӕй ахизой. Йе ’фсымӕртимӕ иунӕгӕй куы баззад, уӕд нырдиаг кодта. Ахъуыды ма кӕн, йе ’фсымӕртӕ дисы куыд бахаудысты, уымӕн ӕмӕ Иосиф цӕуыл кӕуы, уымӕн ницы ӕмбарынц. Ӕппынфӕстаг сын дзуры: «Ӕз Иосиф дӕн. Мӕ фыд ма ӕгас у?»

Йе ’фсымӕртӕн фырдиссагӕй сӕ бон дзурын дӕр нал у. Фыртӕссӕй цы акӕной, уый нал зонынц. Фӕлӕ сын Иосиф дзуры: «Уӕ хорзӕхӕй, хӕстӕгдӕр мӕм рацӕут». Ӕмӕ йӕм куы бацыдысты, уӕд сын зӕгъы: «Ӕз уе ’фсымӕр Иосиф дӕн, сымах Египетмӕ кӕй ауӕй кодтат, уый».

Уый фӕстӕ сӕм Иосиф фӕлмӕнӕй дзуры: «Ацы бӕстӕм мӕ кӕй ауӕй кодтат, уый тыххӕй уӕхимӕ азым ма хӕссут. Уый мӕ Хуыцау рарвыста Египетмӕ, цӕмӕй адӕмы мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнон. Фараон мӕ ӕгас бӕстӕйыл хицауӕй сӕвӕрдта. Уӕдӕ ныр аздӕхут фӕстӕмӕ мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын ацы хабӕрттӕ ракӕнут. Зӕгъут ын, цӕмӕй ӕрцӕуа ӕмӕ ам цӕра».

Стӕй Иосиф йе ’фсымӕртӕн райдыдта радгай хъӕбыстӕ ӕмӕ пъатӕ кӕнын. Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ кӕй ӕрцыдысты, уый фараон куы фехъуыста, уӕд ын загъта: «Мӕнӕ бӕхуӕрдӕттыл ацӕуӕнт ӕмӕ сӕ фыд ӕмӕ сӕ бинонтимӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхӕнт. Ӕмӕ сын ӕз Египеты хуыздӕр зӕхх ратдзынӕн цӕрынӕн».

Ӕфсымӕртӕ раст афтӕ бакодтой. Уыныс, Иосиф йӕ фыдыл куыд сӕмбӕлди, йӕ бинонтимӕ Египетмӕ куы ’рцыд, уӕд.

Уӕдмӕ Иаковӕн йӕ бинонтӕ тынг сбирӕ сты. Ӕдӕппӕт Египетмӕ ӕрцыд ӕвдай адӕймаджы: Иаков йӕхӕдӕг, йӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ уыдоны сывӕллӕттӕ. Уыимӕ ма семӕ уыдысты сӕ устытӕ ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, сӕ бирӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр. Иууылдӕр ӕрцардысты Египеты. Хуыдтой сӕ израилӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Иаковы ном аивта ӕмӕ йӕ схуыдта Израил. Фӕстӕдӕр куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй израилӕгтӕ систы Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм.