Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

26 РАДЗЫРД

Иов – Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг

Иов – Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг

АЦЫ рынчын адӕймагӕн нӕ тӕригъӕд кӕныс? Йӕ ном хуыйны Иов, йӕ фарсмӕ уыцы сылгоймаг та йӕ ус у. Зоныс, цы дзуры Иовӕн? «Ралгъит Хуыцауы ӕмӕ амӕл». Цӕй уӕдӕ базонӕм, Иов афтӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕвзары ӕмӕ йын йӕ ус афтӕ цӕмӕн загъта, уый.

Иов тынг иузӕрдион уыд Иегъовӕйыл, алы хатт дӕр ӕм хъуыста. Иов царди Уцы зӕххыл, Ханаанмӕ хӕстӕг. Иегъовӕ тынг уарзта Иовы, фӕлӕ иу кӕмӕндӕр та йӕ цӕсты сындз уыд. Зоныс, кӕмӕн?

Сайтан Хӕйрӕгӕн. Хъуыды ма кӕныс, Сайтан ӕвзӕр зӕд кӕй у; уый алцӕмӕй дӕр архайы Иегъовӕйы ныхмӕ. Адам ӕмӕ Евӕйы дӕр уый сардыдта, цӕмӕй Иегъовӕмӕ мауал хъуыстаиккой. Ӕмӕ йӕм уыдон кӕй байхъуыстой, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныфс уыд, йӕ бон кӕй суыдзӕн Иегъовӕйы ныхмӕ алкӕй дӕр скӕнын. Фӕлӕ цымӕ йӕ фӕндтӕй исты рауад? Нӕ. Ахъуыды ма кӕн, ацы чиныджы цас иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтимӕ базонгӕ стӕм! Искӕй ном ма дзы хъуыды кӕныс?

Иаков ӕмӕ Иосиф Египеты куы амардысты, уӕд, зӕххыл цы адӕм цард, уыдонӕй Иегъовӕйыл Иовӕй иузӕрдиондӕр ничи уыд. Иегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй Сайтан зыдтаид, ӕвзӕр фӕндагмӕ аздахын алкӕй кӕй нӕ бауыдзӕн йӕ бон. Ӕмӕ йын уый тыххӕй загъта: «Ӕркӕс ма Иовмӕ. Уыныс, куыд иузӕрдион мыл у».

– Иов дыл афтӕ иузӕрдион уымӕн у, кӕй йын арфӕ кӕныс ӕмӕ йӕ кӕй схъӕздыг кодтай,– загъта уӕд Сайтан.– Уӕдӕ ма йын байс, цы йӕм ис, уый, кӕддӕра дӕ нӕ ралгъита.

– Кӕд афтӕ у, уӕд ӕй бафӕлвар,– загъта Иегъовӕ.– Байс ын йӕ мулк иууылдӕр. Цыдӕриддӕр дӕ фӕнды, уый йын бакӕн. Ӕмӕ уӕд фендзыстӕм, ралгъитдзӕн мӕ ӕви нӕ. Ӕрмӕст дӕ фӕдзӕхсын, маргӕ йӕ ма акӕн.

Фыццаг уал Сайтан адӕмӕн Иовы стуртӕ ӕмӕ теуатӕ адавын кодта. Уый фӕстӕ йын йӕ фысты дзугтӕ ныццагъта. Стӕй йын йӕ дӕс хъӕбулы, йӕ лӕппуты ӕмӕ йӕ чызджыты, амардта тыхдымгӕйӕ. Иовӕн йӕхиуыл та уыцы ӕвзӕр низ бафтыдта. Иов тынг хъизӕмар кодта. Ӕмӕ йын раст уый тыххӕй загъта йӕ ус дӕр: «Ралгъит Хуыцауы ӕмӕ амӕл». Фӕлӕ Иов афтӕ нӕ бакодта. Уымӕй уӕлдай ма йӕм ӕрбацыдысты йе ’ртӕ мӕнг хӕлары дӕр ӕмӕ йын загътой, зӕгъгӕ, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй кодтай, уый тыххӕй дыл ӕрцыд ахӕм хабар. Фӕлӕ уӕддӕр Иов Хуыцауы ныхмӕ ӕвзӕр ницы загъта.

Уый тынг ӕхсызгон уыд Иегъовӕйӕн, ӕмӕ нывы куыд уыныс, афтӕмӕй Иовӕн ногӕй раарфӕ кодта. Фервӕзын ӕй кодта йӕ низӕй. Райгуырд та йын хуры тыны хуызӕн дӕс сывӕллоны. Стуртӕ, фыстӕ ӕмӕ йын теуатӕ та уыд раздӕрӕй дыууӕ хатты фылдӕр.

Ды дӕр алкӕддӕр Иовау иузӕрдион уыдзынӕ Иегъовӕйыл? Кӕд о, уӕд дӕуӕн дӕр Хуыцау арфӕ кӕндзӕн. Ды цӕрдзынӕ ӕнустӕм, ӕгас зӕхх дӕр Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн рӕсугъд куы суа, уӕд.