Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

28 РАДЗЫРД

Ноггуырд Моисей куыд фервӕзт

Ноггуырд Моисей куыд фервӕзт

КӔС МА, саби куыд кӕуы ӕмӕ сылгоймаджы ӕнгуылдзыл куыд ныххӕцыд. Уый Моисей у. Ацы рӕсугъд сылгоймаг чи у, уый зоныс? Уый у Египеты ӕхсин, фараоны чызг.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Моисейы мады нӕ фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ хъӕбулы египетӕгтӕ амардтаиккой, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕмбӕхста. Фӕлӕ ӕмбӕрста, Моисейы уӕддӕр кӕй ссардзысты, уый, ӕмӕ йӕ фервӕзын кӕнынӕн сфӕнд кодта цыдӕр.

Райста тӕскъ, бафидӕрттӕ йӕ кодта, дон дзы куыннӕ бакалдаид, афтӕ. Уый фӕстӕ йын Моисейы йӕ мидӕг нывӕрдта ӕмӕ йӕ Нилы цӕугӕдоны былыл бӕрзонд кӕрдӕджыты ӕхсӕн ныууагъта. Моисейы хо Мариамӕн та загъта, цӕмӕй уым хӕстӕг хибар ран слӕууа ӕмӕ йӕ хъус дара, дарддӕр цы ’рцӕудзӕн, уымӕ.

Уӕдмӕ фараоны чызг ӕрбацыд Нилы доны былмӕ йӕхи найынмӕ. Кӕсы, ӕмӕ дӕлӕ, бӕрзонд кӕрдӕджыты ’хсӕн – тӕскъ. Уайтагъд фӕдзырдта йе ’ххуырст чызджытӕй иумӕ:

– Уӕртӕ ма мын уыцы тӕскъ ӕрбахӕсс. Ӕхсин тӕскъ байгом кодта, ӕмӕ мӕнӕ хуры тыны хуызӕн саби! Гыццыл Моисей йӕхи кӕуынӕй мардта, ӕмӕ йын ӕхсин тынг фӕтӕригъӕд кодта. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ амардтаиккой.

Уыцы тӕккӕ йӕ уӕлхъус алӕууыд Мариам. Уыныс, уый дӕр ис нывы. Мариам бафарста фараоны чызджы: «Алидзон ӕмӕ израилаг сылгоймӕгтӕй, чи йӕ схӕсса, ахӕм искӕмӕ фӕдзурон?»

– Ауай, дӕ хорзӕхӕй,– загъта йын ӕхсин.

Мариам алыгъд ӕмӕ йӕ мадӕн ӕппӕт дӕр радзырдта. Моисейы мад ӕхсинмӕ куы ’рбацыд, уӕд ын уый загъта: «Айс ацы сывӕллоны ӕмӕ йӕ схӕсс мӕнӕн, ӕз дын бафиддзынӕн».

Афтӕ Моисейы мад хъомыл кодта йӕхи хъӕбулы. Фӕстӕдӕр, Моисей куы фестырдӕр, уӕд ӕй ӕрбакодта фараоны чызгмӕ ӕмӕ дзы уый йӕхицӕн лӕппу загъта. Афтӕмӕй Моисей хъомыл кодта фараоны хӕдзары.