Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

31 РАДЗЫРД

Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ

Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ

МОИСЕЙ Египетмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд йе ’фсымӕр Ааронӕн радзырдта, цы диссӕгтӕ ’рцыд, уыдон иууылдӕр. Ӕмӕ Ааронимӕ израилӕгтӕн уыцы диссӕгтӕ куы равдыстой, уӕд адӕмы се ’ппӕты дӕр бауырныдта, Иегъовӕ семӕ кӕй ис, уый.

Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Израилы Хуыцау Иегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ауадз мын мӕ адӕмы ӕртӕ боны ӕмгъуыдмӕ, цӕмӕй мын ӕдзӕрӕг ран бакувой“». «Мӕн Иегъовӕ нӕ уырны, ӕмӕ Израилы дӕр нӕ ауадздзынӕн»,– уыд фараоны дзуапп.

Фараон тынг смӕсты, Иегъовӕйӕн кувыны тыххӕй адӕм сӕ куыст ныууадзын кӕй сфӕнд кодтой, ууыл. Ӕмӕ сӕ бынтондӕр куысты бын фӕкодта. Уӕд израилӕгтӕ сӕ хъизӕмӕртты фӕаххосджын кодтой Моисейы, ӕмӕ йын уый тынг зын уыд. Фӕлӕ йӕ Иегъовӕ бафидар кодта. «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн фараонӕн, ӕмӕ мын бар-ӕнӕбары ауадздзӕн мӕ адӕмы»,– загъта йын Иегъовӕ.

Уӕд та Моисей ӕмӕ Аарон ногӕй бацыдысты фараонмӕ. Ацы хатт йӕ разы сарӕзтой диссаг. Аарон йӕ лӕдзӕг зӕхмӕ аппӕрста, ӕмӕ лӕдзӕг дынджыр калм фестад. Уӕд фараоны зондджын лӕгтӕ дӕр ӕрӕппӕрстой сӕ лӕдзгуытӕ ӕмӕ уыдон дӕр кӕлмытӕ фестадысты. Фӕлӕ ма кӕс, Аароны калм ныхъуыры зондджын лӕгты кӕлмыты! Фӕлӕ уӕддӕр фараоны нӕ фӕнды израилӕгты ауадзын.

Уымӕ гӕсгӕ, ӕрцыд рӕстӕг, цӕмӕй Иегъовӕ фараонӕн зонд бацамыдтаид. Зоныс куыд? Уый Египетӕн бавзарын кодта дӕс ӕфхӕрды, кӕнӕ стыр бӕллӕхы.

Алы ӕфхӕрды фӕстӕ дӕр-иу фараон фӕдзырдта Моисеймӕ ӕмӕ-иу ын загъта: «Фервӕзын нӕ кӕн ацы бӕллӕхӕй, ӕмӕ ауадздзынӕн Израилы». Фӕлӕ та-иу ӕфхӕрд куы ӕрлӕууыд, уӕд та-иу фараон йӕ фӕнд фӕивта. Адӕмы-иу нал ауагъта. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг, дӕсӕм ӕфхӕрды фӕстӕ, фараон йӕхӕдӕг арвыста израилӕгты.

Цавӕр ӕфхӕрдтӕ уыдысты, уый зоныс? Рафӕлдах ацы фарс, ӕмӕ йӕ базонӕм.