Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 ХАЙ

Египетӕй куы ссӕрибар сты, уӕдӕй Израилы фыццаг паддзахы онг

Египетӕй куы ссӕрибар сты, уӕдӕй Израилы фыццаг паддзахы онг

Моисей израилӕгты Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд сӕ акодта Синайы хохмӕ, ӕмӕ сын уым Хуыцау радта йӕ закъӕттӕ. Фӕстӕдӕр Моисей дыууадӕс нӕлгоймаджы арвыста Ханааны зӕхх бӕрӕггӕнӕг. Сгарджытӕй дӕс ӕрхастой ӕвзӕр хабар уыцы зӕххы тыххӕй. Уыйадыл адӕм сфӕнд кодтой фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхын. Израилӕгтӕ Хуыцауыл фидарӕй кӕй не ’ууӕндыдысты, уый тыххӕй сӕ бафхӕрдта, ӕмӕ 40 азы дӕргъы рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг быдыры.

Ӕппынфӕстаг адӕмы раздзӕуӕгӕй ӕвзӕрст ӕрцыд Навины фырт Йесо, уый сӕ хъуамӕ бакодтаид Ханааны зӕхмӕ. Иегъовӕ аразы диссӕгтӕ, цӕмӕй сын баххуыс кӕна уыцы зӕхх бацахсынӕн. Уый йӕ цыдӕй ныллӕууын кодта Иорданы дон, ныккалдта Иерихоны систӕ, афтӕ сарӕзта, ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон хур йӕ бынатӕй нӕ фезмӕлыд. Ӕхсӕз азы фӕстӕ Ханааны зӕхх уыд израилӕгты къухы.

Навины фырт Йесойӕ райдайгӕйӕ 356 (ӕртӕсӕдӕ фӕндзай ӕхсӕз) азы дӕргъы Израилы разамынд кодтой тӕрхонгӕнджытӕ. Уыцы тӕрхонгӕнджытӕй мах базонгӕ уыдзыстӕм бирӕтимӕ. Зӕгъӕм, Варак, Гедеон, Иеффай, Самсон ӕмӕ Самуилимӕ. Базондзыстӕм ма ахӕм сылгоймӕгты тыххӕй, куыд Раав, Деворӕ, Иаил, Руф, Ноемин ӕмӕ Далидӕ. ӔРТЫККАГ ХАЙЫ ӕмткӕй райсгӕйӕ дзырд цӕуы 396 (ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз ӕхсӕз) азы дӕргъы цы ’рцыд, ууыл.

 

АЦЫ ХАЙЫ

34 РАДЗЫРД

Ног хӕринаг

Уыцы диссаджы хӕринаг уыд Хуыцауӕй ӕмӕ ӕркалд уӕларвӕй.

35 РАДЗЫРД

Иегъовӕ адӕмӕн радта йӕ закъӕттӕ

Цавӕр дыууӕ закъоны сты дӕс фӕдзӕхстӕй ахсджиагдӕр?

36 РАДЗЫРД

Сыгъзӕрин род

Адӕм, кӕй бадон кодтой, уыцы хъусцӕджытӕй конд сызгъӕрин родӕн цӕмӕн кувынц?

37 РАДЗЫРД

Цатыр кувынӕн

Мидӕггаг уаты ӕвӕрд уыд бадзырды чырын.

38 РАДЗЫРД

Дыууадӕс сгарӕджы

Дӕс сгарӕджы уыцы зӕххы тыххӕй иу цыдӕр дзырдтой, дыууӕйӕ та – ӕндӕр цыдӕр. Цымӕ израилӕгтӕ кӕуыл баууӕндыдысты?

39 РАДЗЫРД

Аароны лӕдзӕг дидин рафтыдта

Уымӕн гӕнӕн куыд уыд, ӕмӕ хус лӕдзӕгыл иу ӕхсӕвмӕ дидинджытӕ ӕмӕ дыргътӕ фӕзындаид?

40 РАДЗЫРД

Моисей бацавта къӕдзӕх

Моисей къӕдзӕхӕй дон рауагъта, фӕлӕ йӕм Иегъовӕ смӕсты.

41 РАДЗЫРД

Ӕрхуы калм

Иегъовӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, ӕмӕ израилӕгтыл маргджын кӕлмытӕ хӕцыдысты?

42 РАДЗЫРД

Хӕрӕг дзуры

Валаамы хӕрӕг уыны, Валаамӕн йӕ бон фенын цы нӕу, ахӕм цыдӕр.

43 РАДЗЫРД

Навины фырт Йесо сси раздзог

Моисей нырма фидар у, уӕдӕ йӕ бӕсты Йесо Навин цӕмӕн сси Израилы раздзог?

44 РАДЗЫРД

Раав бамбӕхста сгарджыты

Раав дыууӕ нӕлгоймагӕн куыд баххуыс кодта ӕмӕ сын цы загъта?

45 РАДЗЫРД

Адӕм ахызтысты Иорданы цӕугӕдоныл

Сауджынтӕ цӕугӕдонмӕ куы бахызтысты, уӕд ӕрцыд диссаг.

46 РАДЗЫРД

Иерихоны систӕ

Уымӕн гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ сырх бӕттӕны фӕрцы систӕ ма ӕркӕлой?

47 РАДЗЫРД

Израилы къӕрных куыд фӕзынд

Иу адӕймагӕн йӕ бон куыд у ӕнӕхъӕн адӕмӕн зиан ӕрхӕссын?

48 РАДЗЫРД

Зондджын гаваойнӕгтӕ

Уыдон Йесо Навины ӕмӕ израилӕгты асайдтой, цӕмӕй семӕ сабырдзинады бадзырд скодтаиккой. Фӕлӕ израилӕгтӕ сӕ ныхас сӕххӕст кодтой.

49 РАДЗЫРД

Хур ӕрлӕууыд

Хуыцау Йесо Навинӕн сарӕзта, уый размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр чи никуыуал уыд, ахӕм цыдӕр.

50 РАДЗЫРД

Дыууӕ хъӕбатыр сылгоймаджы

Варак израилаг ӕфсад тохмӕ фӕкӕны. Уӕдӕ уӕд кадджын та Иаилы цӕмӕн кӕнынц?

51 РАДЗЫРД

Руф ӕмӕ Ноемин

Руф йӕ хӕдзар ныууагъта, цӕмӕй Ноеминимӕ уыдаид ӕмӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кодтаид.

52 РАДЗЫРД

Гедеон ӕмӕ йӕ ӕртӕсӕдӕ хӕстоны

Гыццыл ӕфсады чи хъуамӕ уыдаид, уыцы хӕстонты Хуыцау равзӕрста, фӕлварӕн сын кӕй скодта, уый фӕрцы.

53 РАДЗЫРД

Иеффай дзырд радта

Иеффай Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый ӕрмӕст йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ йӕ чызгыл дӕр бандӕвта.

54 РАДЗЫРД

Ӕппӕты тыхджындӕр адӕймаг

Самсонӕн йӕ тых цӕй мидӕг ис, уый Далидӕ куыд базыдта?

55 РАДЗЫРД

Гыццыл лӕппу лӕггад кӕны Хуыцауӕн

Хуыцау гыццыл Самуилы уылты хистӕр сауджын Илийӕн йӕ тӕрхон фехъусын кодта.