Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

35 РАДЗЫРД

Иегъовӕ адӕмӕн радта йӕ закъӕттӕ

Иегъовӕ адӕмӕн радта йӕ закъӕттӕ

ИЗРАИЛӔГТӔ Египетӕй куы рацыдысты, уӕдӕй рацыд дыууӕ мӕйы, ӕмӕ мӕнӕ ӕрбахӕццӕ сты Синайы хохмӕ, хуыйны ма Хоривы хох дӕр. Растдӕр ам ныхас кодта Иегъовӕ Моисейимӕ судзгӕ къутӕрӕй. Адӕм сӕхицӕн халагъудтӕ сарӕзтой ӕмӕ иуцасдӕр цӕрынц уым.

Адӕм иууылдӕр сты хохрӕбын, Моисей та ссыд хохмӕ. Уым ын Иегъовӕ загъта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй Йӕм израилӕгтӕ хъусой ӕмӕ суой йе ’взӕрст адӕм. Моисей хохӕй куы ’рцыд, уӕд сын радзырдта, Иегъовӕ йын цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр. Израилӕгты фӕнды, цӕмӕй Иегъовӕйы адӕм уой, ӕмӕ ӕмхуызонӕй загътой, кӕй йӕм хъусдзысты.

Уӕд Иегъовӕ сарӕзта ӕнахуыр цыдӕр: хохы цъуппӕй фӕздӕг скалд ӕмӕ арв ныннӕрыд. Уый фӕстӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз дӕн Иегъовӕ, уӕ Хуыцау, Египетӕй уӕ чи ракодта, уый». Ӕмӕ сын уый фӕстӕ бардзырд радта: «Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма кувут».

Уыцы фӕдзӕхстӕй дарддӕр ма Хуыцау израилӕгтӕн радта ноджы фараст фӕдзӕхсты, кӕнӕ закъоны. Адӕм тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзурынц Моисейӕн: «Ды ныхас кӕн немӕ, уымӕн ӕмӕ тӕрсӕм, Хуыцау куы ныхас кӕна немӕ, уӕд куы амӕлӕм».

Цасдӕры фӕстӕ Иегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ссу мӕм хохмӕ. Ӕз дын ратдзынӕн мӕ закъӕттӕ дыууӕ тъӕпӕн дурыл фыстӕй. Мӕн фӕнды, цӕмӕй сӕ мӕ адӕм ӕххӕст кӕной». Уымӕ гӕсгӕ та Моисей ногӕй ссыд хохмӕ. Ӕмӕ дыууиссӕдз бон ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы уым фӕци.

Хуыцау адӕмӕн радта бирӕ-бирӕ закъӕттӕ. Моисей сӕ ныффыста. Хуыцау ма Моисейӕн радта дыууӕ тъӕпӕн дуры дӕр. Уым Хуыцау йӕхӕдӕг ныффыста, уымӕй размӕ адӕмӕн цы дӕс закъоны фехъусын кодта, уыдон. Уыцы закъӕттӕ хуыйнынц Дӕс фӕдзӕхсты.

Дӕс фӕдзӕхсты тынг ахсджиаг закъӕттӕ сты. Фӕлӕ ма Хуыцау израилӕгтӕн цы бирӕ ӕндӕр закъӕттӕ радта, уыдон дӕр сты ахсджиаг. Иу дзы у ахӕм: «Дӕ Хуыцау Иегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ». Иннӕ та: «Дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз иннӕйы дӕр». Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти загъта, Иегъовӕ израилӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр уыцы дыууӕ закъоны кӕй сты. Фӕстӕдӕр фылдӕр базондзыстӕм, Хуыцауы Фырт чи уыд ӕмӕ цӕуыл ахуыр кодта, уый тыххӕй.