Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

36 РАДЗЫРД

Сыгъзӕрин род

Сыгъзӕрин род

ӔЛЛӔХ! Ӕллӕх! Уый цы ми кӕнынц адӕм? Родӕн кувынц! Цӕмӕн?

Моисей хохыл ӕгӕр куы фӕстиат кодта, уӕд адӕм загътой:

– Моисейыл цы ’рцыд, уый бӕрӕг нӕу. Уӕдӕ саразӕм нӕхицӕн, ацы зӕххӕй нӕ чи акӕна, ахӕм хуыцау.

– Хорз,– сразы сӕ фӕндыл Моисейы ӕфсымӕр Аарон.– Рафтаут уӕ сыгъзӕрин хъусцӕджытӕ ӕмӕ мӕм сӕ ардӕм ӕрбахӕссут.

Адӕм сӕ сыгъзӕринтӕ Ааронмӕ куы бахастой, уӕд сӕ уый бадон кодта ӕмӕ дзы сыгъзӕрин род сарӕзта. Уӕд адӕм загътой: «Ай у нӕ Хуыцау, Египетӕй нӕ чи ракодта!» Уый фӕстӕ куывд скодтой ӕмӕ кувын райдыдтой сыгъзӕрин родӕн.

Иегъовӕ уый куы федта, уӕд тынг смӕсты ӕмӕ загъта Моисейӕн: «Фӕтагъд кӕн, тагъддӕр сӕм ныххиз. Адӕм тынг ӕвзӕр хъуыддаг сарӕзтой. Мӕ закъӕттӕ мын ферох кодтой ӕмӕ сӕ зонгуытыл хауынц сыгъзӕрин роды раз».

Моисей уыцы тӕккӕ ӕрцыд хохӕй. Ӕмӕ сӕм куыд хӕстӕг кӕны, афтӕ уыны диссаг: адӕм зарынц ӕмӕ кафынц сыгъзӕрин роды алыварс! Моисей фырмӕстӕй зӕххыл ныццавта, дӕс фӕдзӕхсты цы дыууӕ тъӕпӕн дурыл уыдысты фыст, уыдон, ӕмӕ нызгъӕлӕнтӕ сты. Уый фӕстӕ райста сыгъзӕрин род ӕмӕ йӕ бадон кодта. Цы ма дзы баззад, уый та фӕнык фестын кодта.

Адӕм тынг ӕвирхъау ми бакодтой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Моисей цалдӕр нӕлгоймагӕн дӕтты бардзырд, цӕмӕй райсой сӕ цирхъытӕ. «Сыгъзӕрин родӕн чи куывта, уыцы ӕвзӕр адӕмы амарут». Ӕмӕ уыдон ныццагътой 3 000 (ӕртӕ мин) адӕймаджы! Цымӕ нӕ ацы цау ууыл нӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй мӕнг хуыцӕуттӕн ма кувӕм, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн?