Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

38 РАДЗЫРД

Дыууадӕс сгарӕджы

Дыууадӕс сгарӕджы

ӔРКӔС МА, цы дыргътӕ фӕхӕссынц уыцы лӕгтӕ. Цӕй стыр сӕнӕфсиры цупал у! Цӕмӕй йӕ хъилыл ӕрбахастаиккой, уый тыххӕй бахъуыд дыууӕ лӕджы. Уыныс, легъуи ӕмӕ гранаттӕ дӕр. Кӕцӕй хӕссынц уыцы диссаджы дыргътӕ? Ханааны зӕххӕй. Ӕрхъуыды ма кӕн, Ханаан у, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков кӕм цардысты, уыцы бӕстӕ. Фӕлӕ ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд Иаков ӕд бинонтӕ алыгъд Египетмӕ. Ныр, 216 (дыууӕсӕдӕ ӕхсӕрдӕс) азы фӕстӕ, Моисей израилӕгты фӕстӕмӕ кӕны Ханааны зӕхмӕ. Ныртӕккӕ сты Кадесы ӕдзӕрӕг быдыры.

Ханааны тынг ӕвзӕр адӕм цӕры. Уымӕ гӕсгӕ Моисей уырдӕм арвыста дыууадӕс сгарӕджы ӕмӕ сын загъта: «Базонут, цас бирӕ адӕм дзы цӕры ӕмӕ куыд тыхджын сты, уый. Фенут, кӕддӕра йӕ зӕхх хъӕздыг зӕхх у. Ӕмӕ уыцы зӕххы дыргътӕй ӕнӕмӕнг ӕрхӕссут уемӕ».

Сгарджытӕ Кадесмӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд Моисейӕн загътой: «Уый у ӕцӕг диссаджы бӕстӕ». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, ууыл сӕ баууӕндын кӕнынӕн Моисейӕн ӕвдисынц, цы дыргътӕ ӕрхастой, уыдон. Фӕлӕ сгарджытӕй дӕс загътой: «Цы адӕм дзы цӕры, уыдон сты стыр ӕмӕ фидар. Сӕ бӕстӕм куы бацӕуӕм, уӕд нӕ ныццӕгъддзысты».

Израилӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд тынг фӕтарстысты. «Фӕлтау Египеты, йе та ам, ӕдзӕрӕг быдыры, куы амардаиккам,– хъуыр-хъуыр кӕнынц адӕм.– Нӕхӕдӕг хӕсты фӕцагъды уыдзыстӕм, нӕ устытӕ ӕмӕ нын нӕ сывӕллӕтты та уацары акӕндзысты. Моисейы бынатмӕ нӕхицӕн ӕндӕр раздзог равзарӕм, ӕмӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхӕм!»

Фӕлӕ сгарджытӕй дыууӕ фидарӕй ӕууӕндынц Иегъовӕйыл ӕмӕ сабыр кӕнынц адӕмы. Уыдон сты Йесо Навин ӕмӕ Халев. Уыдон загътой: «Ма тӕрсут. Иегъовӕ немӕ ис. Уыцы зӕхх ӕнцонтӕй байсдзыстӕм». Фӕлӕ сӕм адӕм нӕ хъусынц. Уый нӕ, фӕлӕ Йесойы дӕр ӕмӕ Халевы дӕр марынвӕнд скодтой.

Уӕд Иегъовӕ тынг смӕсты ӕмӕ Моисейӕн загъта: «Адӕмӕй ссӕдз азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, уыдонӕй иу дӕр нӕ бацӕудзӕн Ханааны зӕхмӕ. Уыдон федтой, Египеты ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы диссӕгтӕ скодтон, уый, фӕлӕ мыл уӕддӕр не ’ууӕндынц. Уый тыххӕй дыууиссӕдз азы дӕргъы рахау-бахау кӕндзысты ӕдзӕрӕг быдыры, цалынмӕ иууылдӕр нӕ амӕлой, уӕдмӕ. Ӕрмӕстдӕр Йесо ӕмӕ Халев бацӕудзысты Ханааны зӕхмӕ».