Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

39 РАДЗЫРД

Аароны лӕдзӕг дидин рафтыдта

Аароны лӕдзӕг дидин рафтыдта

ӔРКӔС МА, лӕдзӕг, кӕнӕ хъилыл, миндалы дидинджытӕ куыд рафтыдтой ӕмӕ йыл рӕгъӕд дыргътӕ куыд ӕрзад. Уый Аароны лӕдзӕг у. Ацы дидинджытӕ ӕмӕ йыл дыргътӕ иу ӕхсӕвмӕ ӕрзадысты! Базонӕм ӕй, цӕмӕн.

Израилӕгтӕ рахау-бахау кӕнынц ӕдзӕрӕг быдыры. Адӕмӕй иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Моисей хъуамӕ ма уа разамонӕг, Аарон та – хистӕр сауджын. Афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдонӕй иу у Корей, стӕй Дафан, Авирон ӕмӕ адӕмы разамонджытӕй 250 (дыууӕсӕдӕ фӕндзай) адӕймаджы. Уыдон иумӕ ӕрбацыдысты Моисеймӕ ӕмӕ йын дзурынц: «Сымах уӕхи махӕй уӕлдӕр цӕмӕн кӕнут?»

Корей ӕмӕ йӕ сӕрыл хӕцӕг адӕмӕн Моисей загъта: «Райсом раджы райсут будсудзӕнтӕ, сӕ мидӕг сын буд ныккӕнут ӕмӕ афтӕмӕй ӕрбацӕут Иегъовӕйы цатырмӕ. Фендзыстӕм, кӕй равзардзӕн Иегъовӕ».

Дыккаг бон Корей ӕмӕ уыцы дыууӕсӕдӕ фӕндзай разамонӕджы ӕрбацыдысты хӕсгӕ кувӕндоны цатырмӕ. Уыцы нӕлгоймӕгты сӕрыл рахӕцынмӕ ма ӕрбацыд ноджыдӕр бирӕ адӕм. Иегъовӕ тынг смӕсты. «Ацы ӕвзӕр адӕймӕгты халагъудтӕй уӕхи айсут,– дзуры Моисей.– Сӕ исбонӕй сын мацӕмӕ бавналут». Адӕм байхъуыстой Моисейы ныхасмӕ ӕмӕ Корей, Дафан ӕмӕ Авироны халагъудтӕй иуварс алӕууыдысты.

Уӕд Моисей дзуры: «Иегъовӕ кӕй равзӕрста, уый базондзыстут уымӕй: зӕхх фегом уыдзӕн, ӕмӕ уыцы ӕнаккаг адӕймӕгтӕ зӕххы скъуыды аирвӕздзысты».

Куыддӕр Моисей йӕ ныхас фӕци, афтӕ зӕхх аскъуыд. Корейы цатыр ӕмӕ йӕ исбон, афтӕ ма Дафан, Авирон ӕмӕ сӕ сӕрыл хӕцджыты цатыртӕ ӕмӕ сӕ исбон иууылдӕр зӕххы скъуыды аирвӕзтысты ӕмӕ уый фӕстӕ зӕхх фӕстӕмӕ ӕрбахгӕдта. Зӕххы скъуыды чи аирвӕзт, уыдоны цъӕхахст иннӕ адӕм куы фехъуыстой, уӕд загътой: «Алидзӕм! Науӕд зӕхх мах дӕр аныхъуырдзӕн!»

Уыцы рӕстӕджы Корей ӕмӕ йӕ сӕрылхӕцӕг 250 адӕймаджы та лӕууыдысты хӕсгӕ кувӕндоны цатыры цур. Уӕд Иегъовӕ уӕларвӕй зынг рауагъта ӕмӕ арт се ’ппӕты дӕр аныхъуырдта. Уый фӕстӕ Иегъовӕ Аароны фырт Елеазарӕн загъта, цӕмӕй, зынгӕй чи фӕмард, уыдоны будсудзӕнтӕ райса, бадон сӕ кӕна ӕмӕ дзы нывондхӕссӕн ӕмбӕрзынӕн тӕнӕг сыф сараза. Уыцы ӕмбӕрзӕн израилӕгтӕн хъуамӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кӕна, Аарон ӕмӕ йӕ фыртты йеддӕмӕ Иегъовӕйӕн сауджынтӕй лӕггад кӕныны бар кӕй никӕмӕн ис.

Фӕлӕ Иегъовӕйы фӕнды, сауджынтӕй Аарон ӕмӕ йӕ фыртты кӕй равзӕрста, уый ноджы ирддӕрӕй равдисын. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъы Моисейӕн: «Алы фӕлтӕры хистӕр дӕр ӕрбахӕссӕт йӕ лӕдзӕг. Левийы фӕлтӕрӕй та йӕ лӕдзӕг ӕрбахӕссӕт Аарон. Стӕй уыцы лӕдзджытӕ сӕвӕр хӕсгӕ кувӕндоны цатыры, бадзырды чырыны раз. Ӕмӕ ӕз кӕй равзӕрстон сауджынӕй, уымӕн йӕ лӕдзӕг дидинӕг рафтаудзӕн».

Дыккаг райсом Моисей лӕдзджытӕм куы ӕркаст, уӕд уыны: Аароны лӕдзӕг дидин рафтыдта ӕмӕ йыл ис рӕгъӕд дыргътӕ! Уӕдӕ ныр ӕмбарыс, Иегъовӕ Аароны лӕдзӕгыл дидинджытӕ цӕмӕн рафтауын кодта?