Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

40 РАДЗЫРД

Моисей бацавта къӕдзӕх

Моисей бацавта къӕдзӕх

ЦАДӔГГАЙ цыдысты азтӕ – дӕс, ссӕдз, ӕртын, ӕртын фараст азы! Израилӕгтӕ та нырма дӕр рахау-бахау кӕнынц ӕдзӕрӕг быдыры. Фӕлӕ уыцы азты дӕргъы Иегъовӕ йӕ адӕмыл тыхсы. Дӕтты сын маннӕ хӕрынӕн. Боныгон сын фӕндаг амоны стыр мигъы къуымбилы фӕрцы, ӕхсӕв та – цӕхӕркалгӕ зынджы къуымбилы фӕрцы. Уымӕй уӕлдай ма, уал азы дӕргъы сӕ уӕлӕдарӕс нӕ ихсийы ӕмӕ сӕ къӕхтӕ не скъуыдтӕ кӕнынц.

Ралӕууыд Египетӕй сӕ рацыды дыууиссӕдзӕм азы фыццаг мӕй. Израилӕгтӕ та ногӕй ӕрбынат кодтой Кадесы. 40 азы размӕ дыууадӕс сгарӕджы Ханааны зӕхх бӕрӕггӕнӕг ардыгӕй ацыдысты. Ам амард Моисейы хо Мариам. Ӕмӕ та дзы ныр дӕр ӕрцыд ӕнамонд хабар.

Адӕм дон никуы арынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Моисейӕн хъаст кӕнынц: «Ацы цардӕй мӕлӕт хуыздӕр у. Египетӕй нӕ ацы сыгъд бӕстӕм цӕмӕн ӕркодтай, куы никуы дзы ницы зайы? Нӕ дзы мӕнӕу ис, нӕ легъуитӕ, нӕ сӕнӕфсир, нӕ гранаттӕ. Дон нын дзы бануазынӕн дӕр нӕй».

Моисей ӕмӕ Аарон хӕсгӕ кувӕндоны цатырмӕ Хуыцаумӕ скувынмӕ куы бацыдысты, уӕд Иегъовӕ дзуры Моисейӕн: «Адӕмы ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ дӕ се ’ппӕт дӕр куыд уыной, афтӕ сдзур ацы къӕдзӕхмӕ. Ӕмӕ дзы уӕд ракӕлдзӕн дон, адӕмы дӕр ӕмӕ фосы дӕр цас хъӕуа, уый бӕрц».

Моисей ӕрӕмбырд кодта адӕмы ӕмӕ сын зӕгъы: «Байхъусут, Хуыцауыл ӕнӕууӕнк адӕм! Ӕз ӕмӕ уын Аарон раттӕм дон ацы къӕдзӕхӕй?» Уый фӕстӕ къӕдзӕх дыууӕ хатты лӕдзӕгӕй бацавта ӕмӕ дзы дон рагуылф кодта. Дон фаг у адӕмӕн дӕр ӕмӕ фосӕн дӕр.

Фӕлӕ Иегъовӕ смӕсты Моисей ӕмӕ Ааронмӕ. Зоныс ӕй, цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыдон загътой, зӕгъгӕ, мах рауадздзыстӕм къӕдзӕхӕй дон. Ӕцӕгӕй та дон Иегъовӕ рауагъта. Моисей ӕмӕ Аарон раст кӕй нӕ загътой, уый тыххӕй сын Иегъовӕ ӕмбарын кӕны, кӕй сӕ бафхӕрдзӕн. «Сымах нӕ бакӕндзыстут мӕ адӕмы Ханааны зӕхмӕ»,– загъта Иегъовӕ.

Цасдӕры фӕстӕ израилӕгтӕ Кадесӕй сыстадысты ӕмӕ сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой. Ӕрцыдысты Оры хохмӕ. Ам, хохы цъуппыл, амард Аарон. Фӕцард 123 (сӕдӕ дыууын ӕртӕ) азы. Израилӕгтӕн тынг зын уыд Аароны мӕлӕт ӕмӕ йыл уымӕ гӕсгӕ 30 (дӕс ӕмӕ ссӕдз) боны дӕргъы кодтой кӕугӕ. Йӕ бӕсты Израилы хистӕр сауджын сси йӕ фырт Елеазар.