Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

43 РАДЗЫРД

Навины фырт Йесо сси раздзог

Навины фырт Йесо сси раздзог

МОИСЕЙЫ фӕнды израилӕгтимӕ Ханааны зӕхмӕ бацӕуын. Ӕмӕ Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕны: «Иегъовӕ, ратт мын бар, цӕмӕй Иорданы доныл ахизон ӕмӕ уыцы диссаджы зӕхх фенон». Фӕлӕ йын Иегъовӕ загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Макуыуал мын скӕн уый кой!» Иегъовӕ Моисейӕн афтӕ цӕмӕн загъта, уый зоныс?

Моисей йӕ лӕдзӕгӕй къӕдзӕх куы бацавта, уыцы хабары тыххӕй. Хъуыды ма кӕныс, уӕд Ааронимӕ Иегъовӕйы не скадджын кодтой. Адӕмӕн нӕ загътой, уый Иегъовӕ кӕй рауагъта къӕдзӕхӕй дон. Уый тыххӕй сын Иегъовӕ загъта, зӕгъгӕ, Ханааны зӕхмӕ нӕ бацӕудзыстут.

Уымӕ гӕсгӕ Аароны мӕлӕтӕй цалдӕр мӕйы куы рацыд, уӕд Иегъовӕ зӕгъы Моисейӕн: «Навины фырт Йесойы ракӕн, сауджын Елеазар ӕмӕ йӕ адӕмы раз слӕууын кӕн ӕмӕ фехъусын кӕн, адӕмы раздзог ныр Йесо кӕй уыдзӕн, уый». Уыныс, Моисейӕн Иегъовӕ куыд загъта, растдӕр афтӕ бакодта.

Уый фӕстӕ Иегъовӕ дзуры Йесомӕ: «Фидар лӕуу ӕмӕ тӕрсгӕ ма кӕн. Ды бакӕндзынӕ израилӕгты, ӕз сын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уырдӕм, Ханааны зӕхмӕ, ӕмӕ ӕз уыдзынӕн демӕ».

Фӕстӕдӕр Иегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй Невойы хохы цъуппмӕ ссӕуа. Уыцы хох ис моавитӕгты зӕххыл. Уырдыгӕй Моисей акаст Иорданы цӕугӕдоны фаллаг фарсмӕ ӕмӕ федта Ханааны рӕсугъд зӕхх. Иегъовӕ йын дзуры: «Мӕнӕ, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхх. Ды йӕ уынгӕ фӕкодтай, фӕлӕ йыл дӕ къах нӕ ’рӕвӕрдзынӕ».

Уым Невойы хохы цъуппыл амард Моисей. Цыдис ыл 120 (сӕдӕ дыууын) азы. Фӕлӕ ма уӕддӕр уыд фидар, стӕй цӕстӕй дӕр хорз уыдта. Адӕм тынг хъыг кӕнынц Моисейы мардыл ӕмӕ кӕуынц. Фӕлӕ уӕддӕр амондджын сты, уымӕн ӕмӕ сын ис ног раздзог – Навины фырт Йесо.