Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

46 РАДЗЫРД

Иерихоны систӕ

Иерихоны систӕ

ИЕРИХОНЫ систӕ цӕмӕн кӕлынц? Раст сыл цыма стыр бомбӕ ӕрхауд, уый хуызӕн. Фӕлӕ уӕды заманы цӕй бомбӕтӕ уыд; суанг ма хуымӕтӕджы топп дӕр куынӕ уыд. Уый Иегъовӕ ног диссаг сарӕзта! Базонӕм, уыцы хабар куыд рауад, уый.

Байхъус ма, Иегъовӕ Навины фырт Йесойӕн цы дзуры: «Де ’фсадимӕ ӕрзил сахары алыварс. Ӕхсӕз боны дӕргъы-иу ыл алы бон дӕр ӕрзилут иу хатт. Уемӕ хӕссут бадзырды чырын дӕр. Йӕ разӕй цӕуӕнт авд сауджыны ӕмӕ сыкъатӕй уасӕнт.

Ӕвдӕм бон сахары алыварс ӕрзилут авд хатты. Уый фӕстӕ сыкъатӕй ныууасут ӕмӕ уӕ алчидӕр йӕ хъӕлӕсы дзаг ныхъхъӕр кӕнӕд. Ӕмӕ уӕд сахары систӕ ныккӕлдзысты!»

Йесо ӕмӕ адӕм архайынц Иегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ. Сахары алыварс зилынц ӕнӕсыбырттӕй. Иу ныхас дӕр никӕй дзыхӕй хауы. Хъуысы ӕрмӕстдӕр сыкъаты уасын ӕмӕ къӕхты хъӕр. Иерихоны цӕрджытӕ, Хуыцауы адӕмы знӕгтӕ, куыннӕ фӕтарстаиккой. Уыныс, рудзынгыл сырх бӕндӕн ауыгъдӕй. Кӕй рудзынг у? Раст зӕгъыс, Раав сӕххӕст кодта, дыууӕ сгарӕджы йын цы загътой, уый. Йӕ бинонтӕ иууылдӕр йӕ хӕдзары ӕрӕмбырд сты, афтӕмӕй кӕсынц, ӕддейӕ цы цӕуы, уымӕ.

Мӕнӕ ӕрхӕццӕ ӕвдӕм бон дӕр. Адӕм авд хатты ӕрзылдысты сахарыл, стӕй сыкъатӕй ныууасыдысты, ныхъхъӕр кодтой, ӕмӕ сахары систӕ ӕркалдысты. Уӕд Навины фырт Йесо дзуры адӕмӕн: «Сахары цӕрджыты иууылдӕр ныццӕгъдут, йӕхиуыл та йын зынг бафтаут. Цыдӕриддӕр дзы ис, уый арты хай фӕкӕнут. Ныууадзут дзы ӕрмӕстдӕр ӕвзист, сыгъзӕрин, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаг ӕмӕ сӕ бахӕссут Иегъовӕйы цатыры хӕзнадонмӕ».

Дыууӕ сгарӕгӕн та Йесо загъта: «Цӕут Раавы хӕдзармӕ, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр уырдыгӕй ракӕнут». Сгарджытӕ дзырд куыд радтой, афтӕ Раав ӕмӕ йӕ бинонтӕ баззадысты удӕгас.