Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

48 РАДЗЫРД

Зондджын гаваойнӕгтӕ

Зондджын гаваойнӕгтӕ

ХАНААНЫ сахартӕй бирӕтӕ сты Израилы ныхмӕ схӕцынӕввонг. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ фӕуӕлахиз уыдзысты. Фӕлӕ израилӕгтӕм хӕстӕг ис иу сахар, Гаваон, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц. Уыдоны уырны, израилӕгтӕн Хуыцау кӕй ӕххуыс кӕны ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы ныхмӕ хӕцын нӕ фӕнды. Зоныс ӕй, уый тыххӕй гаваойнӕгтӕ цы сарӕзтой?

Сфӕнд кодтой сӕхи афтӕ равдисын, цыма тынг дард бӕстӕй сты. Цалдӕр адӕймаджы сӕ уӕлӕ скодтой бызгъуыртӕ дзаумӕттӕ, сӕ къӕхтыл та ихсыд дзабыртӕ. Сӕ хӕрджытыл сӕвӕрдтой хуынчъытӕ голджытӕ ӕмӕ семӕ рахастой цалдӕр зӕронд, хус дзулы. Афтӕмӕй ӕрцыдысты Навины фырт Йесомӕ ӕмӕ йын загътой: «Тынг дард бӕстӕй ӕрцыдыстӕм, уымӕн ӕмӕ уе Стыр Хуыцау Иегъовӕйы тыххӕй фехъуыстам. Мах фехъуыстам, Египеты уын цы диссӕгтӕ сарӕзта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ нын нӕ хистӕртӕ загътой, зӕгъгӕ, уемӕ фӕндагмӕ къӕбӕр айсут, уыцы адӕммӕ фӕцӕут ӕмӕ сын зӕгъут: „Мах стӕм уӕ цагъартӕ. Дзырд нын раттут, нӕ ныхмӕ кӕй не схӕцдзыстут“. Ӕркӕсут, фырцӕуынӕй нӕ дарӕс ныскъуыдтӕ ӕмӕ нӕ кӕрдзын дурау ныхъхъӕбӕр».

Йесо ӕмӕ иннӕ хистӕртӕ баууӕндыдысты гаваойнӕгтыл, ӕмӕ сын ныфс бавӕрдтой, сӕ ныхмӕ кӕй не схӕцдзысты, уымӕй. Фӕлӕ ӕртӕ боны фӕстӕ базыдтой, гаваойнӕгтӕ сӕм бынтон хӕстӕг кӕй цӕрынц, уый.

– Цӕмӕн нын афтӕ загътат, ӕмӕ дард бӕстӕй ӕрцыдыстут?– фӕрсы сӕ Йесо.

– Уымӕн ӕмӕ мах фехъуыстам, Иегъовӕ Хуыцау уын Ханааны зӕххӕй зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ нӕ куы амарат, уымӕй фӕтарстыстӕм,– дзуапп радтой гаваойнӕгтӕ. Фӕлӕ израилӕгтӕ сӕ ныхас нӕ фӕсайдтой, нӕ амардтой гаваойнӕгты. Уый бӕсты сӕ сӕхицӕн цагъартӕ скодтой.

Иерусалимы паддзах уый куы базыдта, ӕмӕ гаваойнӕгтӕ Израилимӕ сабырдзинады бадзырд сарӕзтой, уӕд тынг смӕсты. Уый цыппар ӕндӕр паддзахӕн загъта: «Ӕрцӕут ӕмӕ иумӕ схӕцӕм гаваойнӕгтимӕ». Ӕмӕ фондз паддзахы ӕцӕгдӕр схӕцыдысты гаваойнӕгты ныхмӕ. Цымӕ гаваойнӕгтӕ зондджын ми бакодтой, Израилимӕ цӕдис кӕй скодтой, уымӕй, кӕд ӕмӕ уый тыххӕй уыцы паддзӕхтӕ сӕ ныхмӕ схӕцыдысты? Ӕркӕсӕм ӕмӕ йӕ базонӕм.