Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

52 РАДЗЫРД

Гедеон ӕмӕ йӕ ӕртӕсӕдӕ хӕстоны

Гедеон ӕмӕ йӕ ӕртӕсӕдӕ хӕстоны

УЫНЫС, цы ми кӕнынц ацы адӕм? Уый Израилы хӕстонтӕ ныггуыбыр кодтой ӕмӕ дон нуазынц. Сӕ цуры лӕууы тӕрхонгӕнӕг Гедеон. Уый йӕ хъус дары, хӕстонтӕ дон куыд нуазынц, уымӕ.

Ӕркӕс ма лӕмбынӕг, хӕстонтӕй алчидӕр дон куыд нуазы, уымӕ. Иутӕ дзы бынтондӕр ныггуыбыр кодтой донмӕ. Иу та дзы дон нуазы йӕ къухӕй ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг йӕ алыварс дӕр ракӕс-бакӕс кӕны. Уый тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ Гедеонӕн загъта, цӕмӕй равзара, нуазгӕ-нуазын цырддзаст чи у, ӕрмӕстдӕр уыдоны. Иегъовӕйы бардзырдмӕ гӕсгӕ иннӕтӕ та хъуамӕ аздӕхой сӕ хӕдзӕрттӕм. Уӕдӕ базонӕм, афтӕ цӕмӕн хъӕуы, уый.

Израилӕгтӕ та сты тыхст уавӕры. Иегъовӕмӕ кӕй нӕ хъуыстой, уый тыххӕй сӕ мадиамӕгтӕ сӕ дӕлбар бакодтой ӕмӕ сӕ ӕфхӕрынц. Уыцы уавӕры та израилӕгтӕ Иегъовӕмӕ сидынц ӕххуысмӕ ӕмӕ сын уый хъусы сӕ лӕгъстӕ.

Иегъовӕ Гедеонӕн загъта, цӕмӕй ӕфсад ӕрӕмбырд кӕна, ӕмӕ уый ӕрӕмбырд кодта 32 000 (ӕртын дыууӕ мин) хӕстоны. Израилы ныхмӕ та лӕууы 135 000 (сӕдӕ ӕртын фондз мин) хӕстоны. Фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕ Гедеонӕн дзуры: «Ӕгӕр бирӕ адӕм ис демӕ». Иегъовӕ афтӕ цӕмӕн загъта?

Цӕмӕй израилӕгтӕ куы фӕуӕлахиз уой, уӕд афтӕ ма зӕгъой, нӕхи хъарутӕй фӕуӕлахиз стӕм, зӕгъгӕ. Афтӕ сӕм ма фӕкӕса, ӕмӕ ӕнӕ Иегъовӕйы ӕххуысӕй дӕр фӕуӕлахиз уыдаиккой. Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕ дзуры Гедеонӕн: «Дӕ хӕстонтӕн зӕгъ, цӕмӕй тӕрсгӕ чи кӕны, уыдон се ’ппӕт дӕр фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхой». Гедеон афтӕ куы бакодта, уӕд сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты 22 000 (дыууын дыууӕ мин) адӕймаджы. Ныр ма 135 000 (сӕдӕ ӕртын фондз мин) ӕфсӕддоны ныхмӕ баззад ӕрмӕстдӕр 10 000 (дӕс мин) адӕймаджы.

Фӕлӕ ма байхъус! Иегъовӕ дзуры: «Уӕддӕр ма ӕгӕр бирӕ сты дӕ адӕм». Уымӕ гӕсгӕ Гедеонӕн дзуры, цӕмӕй йӕ адӕмы доны былмӕ ӕркӕна ӕмӕ нуазгӕ-нуазын донмӕ сӕрӕй чи ныггуыбыр кӕна, уыдоны сӕ хӕдзӕрттӕм арвита. Уый фӕстӕ Иегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта Гедеонӕн: «Дон нуазгӕйӕ цырддзаст чи уыд, уыцы ӕртӕсӕдӕ адӕймагимӕ дын ратдзынӕн де знӕгты дӕ къухмӕ».

Ныр ӕрцыд тохы бон. Гедеон йӕ ӕртӕсӕдӕ хӕстоны ӕртӕ къордыл адих кодта. Алы хӕстонмӕ дӕр радта уасӕн сыкъа ӕмӕ, йӕ мидӕг рухсгӕнӕн кӕмӕн уыд, ахӕм дурын. Ӕмбисӕхсӕв знаджы ӕфсадыл ӕрхъула кодтой. Стӕй иу рӕстӕг сыкъатӕй уасын райдыдтой, асастой сӕ дурынтӕ ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Иегъовӕ ӕмӕ Гедеоны цирхъ!» Хъӕр-хъӕлӕбамӕ знӕгтӕ фехъал сты, цы ма акӕной, уый нал зонынц. Фыртӕсӕй лидзынмӕ фесты ӕмӕ уыйадыл израилӕгтӕ фӕуӕлахиз сты.