Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

53 РАДЗЫРД

Иеффай дзырд радта

Иеффай дзырд радта

ИСКУЫ дын афтӕ уыдис, ӕмӕ кӕмӕндӕр дзырд радтай, фӕлӕ дын стӕй дӕ дзырд сӕххӕст кӕнын тынг зын уыди? Раст ахӕм хабар ӕрцыд, нывы кӕй уыныс, уыцы лӕгыл. Афтӕ ӕнкъард дӕр уымӕн у. Уый у Израилы ӕхсарджын тӕрхонгӕнӕг Иеффай.

Иеффайы рӕстӕджы дӕр израилӕгтӕ Иегъовӕйӕн нал лӕггад кодтой. Ӕвзӕр хъуыддӕгтыл та бафтыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕ бар радта, цӕмӕй сӕ аммонитӕгтӕ ӕфхӕрдтаиккой. Израилӕгтӕ сӕ уӕззау цардӕй куы стыхстысты, уӕд та сдзынӕзтой Иегъовӕмӕ: «Фӕрӕдыдыстӕм дӕ разы. Лӕгъстӕ дын кӕнӕм, фервӕзын нӕ кӕн!»

Адӕм зӕрдӕбынӕй ӕрфӕсмон кодтой се ’взӕр митыл ӕмӕ йӕ равдыстой хъуыддагӕй: фӕстӕмӕ Иегъовӕйӕн райдыдтой кувын. Уымӕ гӕсгӕ та сӕм Иегъовӕ ногӕй фӕзынд ӕххуысмӕ.

Адӕм равзӕрстой Иеффайы, цӕмӕй ӕвзӕр аммонитӕгты ныхмӕ схӕцой. Иеффайы тынг фӕнды, цӕмӕй йын уыцы тохы Иегъовӕ баххуыс кӕна. Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйӕн дзырд радта: «Кӕд мын аммонитӕгты басӕттынӕн баххуыс кӕнай, уӕд дын ратдзынӕн, мӕ хӕдзарӕй фыццаг мӕ размӕ чи рацӕуа, уый».

Иегъовӕ фехъуыста Иеффайы куывд ӕмӕ йын тохы уӕлахиз радта. Иеффай фӕстӕмӕ хӕдзармӕ куы ’рыздӕхт, уӕд, зоныс, фыццаг йӕ размӕ чи рацыд? Йӕ чызг, йӕ иунӕг хъӕбул. «Оххай-гъе, мӕ чызг!– кӕуы Иеффай.– Куыд мын фӕриссын кодтай мӕ зӕрдӕ. Фӕлӕ Иегъовӕйӕн дзырд радтон ӕмӕ мӕ бон нӕу мӕ дзырд фӕсайын».

Иеффайы чызг уый куы базыдта, уӕд райдианы йӕхӕдӕг дӕр ӕрӕнкъард. Уымӕн ӕмӕ йӕ бахъӕудзӕн йӕ фыд ӕмӕ йе ’мгӕртты ныууадзын. Фӕлӕ уый цӕттӕ у нырӕй фӕстӕмӕ Иегъовӕйӕн ӕдзухдӕр Силомы лӕггад кӕнын – хӕсгӕ кувӕндоны цатыры. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фыдӕн дзуры: «Кӕд дзырд радтай Иегъовӕйӕн, уӕд ӕй хъуамӕ сӕххӕст кӕнай».

Уыйадыл Иеффайы чызг ацыд Силоммӕ ӕмӕ йӕ цард дарддӕр кӕны Иегъовӕйӕн йӕ цатыры лӕггадгӕнгӕйӕ. Алы аз дӕр ӕм цыппар боны ӕмгъуыдмӕ ӕрцӕуынц израилаг чызджытӕ ӕмӕ сӕ рӕстӕг иумӕ хъӕлдзӕгӕй арвитынц. Иеффайы чызг Иегъовӕйӕн афтӕ зӕрдӕбынӕй кӕй лӕггад кӕны, уый тыххӕй йӕ адӕм бирӕ уарзынц.