Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 ХАЙ

Израилы фыццаг паддзах куы фӕзынд, уӕдӕй Вавилоны уацары онг

Израилы фыццаг паддзах куы фӕзынд, уӕдӕй Вавилоны уацары онг

Израилы фыццаг паддзах сси Саул. Фӕлӕ йӕ Иегъовӕ аиуварс кодта ӕмӕ йын йӕ бынатмӕ равзӕрста Давиды. Ацы хайы бирӕ цыдӕртӕ базондзыстӕм Давиды тыххӕй. Хӕрзӕрыгон ма куы уыд, уӕд схӕцыд уӕйыг Голиафимӕ. Фӕстӕдӕр йӕхи ӕмбӕхста хӕлӕггӕнаг паддзах Саулӕй. Уый фӕстӕ рӕсугъд Авигейӕ Давиды бахызта ӕнӕраст къахдзӕфӕй.

Лӕмбынӕг ма базонгӕ уыдзыстӕм Давиды фырт Соломоны царды хабӕрттимӕ дӕр. Давиды фӕстӕ уый уыди Израилы паддзах. Израилы фыццаг ӕртӕ паддзахӕй алчидӕр паддзахиуӕг кодта фӕйнӕ дыууиссӕдз азы. Соломоны мӕлӕты фӕстӕ Израил ныддих ӕмӕ дзы сырӕзт дыууӕ паддзахады: цӕгат паддзахад ӕмӕ хуссар паддзахад.

Дӕс мыггаджы кӕм цардысты, уыцы цӕгат паддзахад фӕлӕууыд 257 (дыууӕсӕдӕ фӕндзай авд) азы дӕргъы, цалынмӕ йӕ ассирийӕгтӕ нӕ ныппырх кодтой, уӕдмӕ. Уымӕй 133 (сӕдӕ ӕртын ӕртӕ) азы фӕстӕ та ныппырх, дыууӕ мыггаджы кӕм цардысты, уыцы хуссар паддзахад дӕр, израилӕгтӕн сӕхи та уацары акодтой Вавилонмӕ. Уӕдӕ ЦЫППӔРӔМ ХАЙЫ нӕ цӕст ахӕсдзыстӕм, 510 (фондзсӕдӕ дӕс) азы дӕргъы цы цымыдисаг цаутӕ ӕрцыд, уыдонӕй бирӕтыл.

 

АЦЫ ХАЙЫ

56 РАДЗЫРД

Саул – Израилы фыццаг паддзах

Хуыцау Саулы фыццаг паддзахай равзӕрста, стӕй та йын уыцы бартӕ байста. Саулы цӕвиттон нын у зондзонӕн.

57 РАДЗЫРД

Хуыцау равзӕрста Давиды

Хуыцау Давидмӕ хорзӕй цы федта, кӕд пехуымпар Самуилӕн уый йӕ бон не сси фенын, уӕддӕр?

58 РАДЗЫРД

Давид ӕмӕ Голиаф

Давид Голиафы ныхмӕ куы рацыд, уӕд йӕ ныфс ӕрмӕст дурӕхсӕныл нӕ дардта. Уӕдӕ цымӕ цӕмӕй уыд ныфсджын?

59 РАДЗЫРД

Давиды лидзын цӕмӕн бахъуыд

Давид райдианы Саулы зӕрдӕмӕ фӕцыд, фӕлӕ йӕм стӕй хӕлӕг кӕнын райдыдта ӕмӕ йӕ марынмӕ хъавыд. Цӕмӕн?

60 РАДЗЫРД

Авигейӕ ӕмӕ Давид

Авигейӕ йӕ лӕджы схуыдта ӕдылы, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ цард рӕстӕгмӕ бахъахъхъӕдта.

61 РАДЗЫРД

Давид сси паддзах

Давид йӕ хъуыддӕгтӕй равдыста, уый аккаг кӕй у, цӕмӕй Израилы паддзах суа.

62 РАДЗЫРД

Давиды хӕдзарыл ӕрцыд стыр бӕллӕхтӕ

Давиды тӕригъӕды тыххӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр бирӕ азты дӕргъы зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой.

63 РАДЗЫРД

Зондджын паддзах Соломон

Ӕцӕгдӕр ӕй фӕндыд сывӕллоны дыууӕ дихы фӕкӕнын?

64 РАДЗЫРД

Соломон сарӕзта кувӕндон

Кӕд Соломон зондджын уыди, уӕддӕр иннӕты зондыл ацыд ӕмӕ сарӕзта ӕвзӕр ӕмӕ, зондыл дзурӕг чи нӕ уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ.

65 РАДЗЫРД

Паддзахад фӕдих

Иеровоам паддзах куы сси, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй адӕм Хуыцауы закъоны сӕрты хызтаиккой

66 РАДЗЫРД

Иезавел – цъаммар ус-паддзах

Уый никӕуыл ӕмӕ ницӕуыл бацауӕрддзӕн, цӕмӕй йӕ цы хъӕуы, уый йӕ къухы бафта.

67 РАДЗЫРД

Иосафат йӕ ныфс дардта Иегъовӕйыл

Тохмӕ чи цӕуы, уыцы ӕфсӕддонты разӕй, хӕцӕнгарз кӕмӕ нӕй, ахӕм зарӕггӕнджытӕ цӕмӕн фӕцӕуынц?

68 РАДЗЫРД

Дыууӕ лӕппуйы райгас сты

Уымӕн гӕнӕн ис, цӕмӕй чи амард, уый ногӕй цӕра? Ахӕм хабар иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ’рцыд.

69 РАДЗЫРД

Гыццыл чызг стыр хицауӕн куыд баххуыс кодта

Гыццыл чызг Иегъовӕйы тыххӕй хъӕбатырӕй дзырдта, ӕмӕ уый фӕрцы Нееман диссаджы хуызы йӕ низӕй фервӕзт.

70 РАДЗЫРД

Ионӕ ӕмӕ стыр кӕсаг

Ионӕ бамбӕрста, алкӕддӕр Иегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ кӕй хъӕуы архайын.

71 РАДЗЫРД

Хуыцау скӕндзӕн дзӕнӕт

Райдианы дзӕнӕт уыд иу гыццыл ран; фидӕны та дзӕнӕт уыдзӕн ӕгас зӕххыл.

72 РАДЗЫРД

Хуыцау баххуыс кодта паддзах Езекийӕн

Иу ӕхсӕвмӕ зӕд амардта 185 000 ассириаг ӕфсӕддоны.

73 РАДЗЫРД

Израилы фӕстаг хорз паддзах

Иоси нырма ӕрыгон уыд, афтӕмӕй сарӕзта, хъӕбатырдзинад кӕм хъуыд, ахӕм къахдзӕф.

74 РАДЗЫРД

Ныфсджын адӕймаг

Иереми ӕгӕр ӕрыгон уыд, цӕмӕй пехуымпарӕй лӕггад кодтаид, фӕлӕ Иегъовӕ зыдта, йӕ бон кӕй бауыдзӕн.

75 РАДЗЫРД

Цыппар лӕппуйы Вавилоны

Уыдон кӕд сӕ бинонтӕй дард уыдысты, уӕддӕр рӕстӕй архайдтой.

76 РАДЗЫРД

Иерусалим пырх ӕрцыд

Хуыцау цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй Израилы знӕгтӕ, вавилойнӕгтӕ, Иерусалим ныппырх кодтаиккой?