Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

58 РАДЗЫРД

Давид ӕмӕ Голиаф

Давид ӕмӕ Голиаф

ФИЛИСТИМӔГТӔ та израилӕгты ныхмӕ рацыдысты хӕцынмӕ. Давиды хистӕр ӕфсымӕртӕ ӕртӕйӕ сты Саулы ӕфсады. Уымӕ гӕсгӕ иу бон Иессей Давидӕн афтӕ зӕгъы: «Де ’фсымӕртӕн дзӕрна ӕмӕ иу цалдӕр кӕрдзыны ахӕсс. Куыд сты, уый дӕр базон».

Ӕфсӕдтӕ кӕм ӕрбынат кодтой, уырдӕм Давид куы бахӕццӕ, уӕд комкоммӕ тохы быдырмӕ азгъордта йе ’фсымӕрты агурӕг ӕмӕ уыны: филистимаг уӕйыг Голиаф размӕ рацыд ӕмӕ хынджылӕг кӕны израилӕгтӕй. Афтӕ дыууиссӕдз боны дӕргъы, райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр, рацӕуы ӕмӕ хъӕр кӕны: «Уӕхицӕй иу адӕймаг равзарут, мемӕ схӕцын йӕ ныфс чи бахӕсса. Кӕд мыл фӕтых уа ӕмӕ мӕ амара, уӕд мах уыдзыстӕм уӕ цагъартӕ. Кӕд ыл ӕз фӕтых уон ӕмӕ йӕ амарон, уӕд та нын сымах уыдзыстут цагъартӕ. Кӕд уӕ ныфс хӕссут, уӕд уе ’хсӕнӕй искӕй равзарут ӕмӕ йӕ рарвитут, цӕмӕй мемӕ схӕца».

Голиафы ныхӕстӕ Давид куы фехъуыста, уӕд хӕстонты бафарста: «Уыцы филистимаджы чи амара ӕмӕ Израилы худинагӕй чи фервӕзын кӕна, уымӕ цавӕр хорзӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы?»

– Уымӕн Саул ратдзӕн бирӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ,– дзурынц хӕстонтӕ.– Йӕ чызджы та йын ратдзӕн усӕн.

Фӕлӕ Голиафимӕ схӕцын йӕ ныфс ничи хӕссы, уымӕн ӕмӕ ӕнахуыр дынджыр у. Уый у ӕртӕ метры бӕрзӕндӕн ӕмӕ йемӕ ис, йӕ уарт ын чи хӕссы, иу ахӕм ӕфсӕддон.

Хӕстонтӕй цалдӕр ацыдысты ӕмӕ паддзах Саулӕн рахабар кодтой, Давиды Голиафимӕ схӕцын кӕй фӕнды, уый. Фӕлӕ Саул Давидӕн загъта: «Дӕуӕн дӕ бон нӕу Голиафимӕ схӕцын. Ды нырма сывӕллон дӕ, уый та йӕ цӕрӕнбонты хӕцгӕ кӕны.»

– Мӕ фыды фыстӕй-иу арс ӕмӕ домбай куы ахастой, уӕд-иу сӕ ӕз амардтон,– дзуапп ын радта Давид.– Ӕмӕ уыцы филистимагмӕ дӕр уый ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Иегъовӕ мын баххуыс кӕндзӕн.

– Цу уӕдӕ, Иегъовӕйы фарн демӕ,– сразы Саул.

Давид доны былмӕ ныццыд, уым фондз лӕгъз дуры равзӕрста ӕмӕ сӕ йӕ хызыны нывӕрдта. Уый фӕстӕ райста йӕ дурӕхсӕн ӕмӕ уӕйыджы ныхмӕ ӕрлӕууыд. Голиаф ӕй куы федта, уӕд йӕ цӕстытыл нӕ баууӕндыд. Афтӕ йӕм кӕсы, Давиды амарынӕн бынтондӕр ницы хъӕуы.

– Уӕдӕ ма мӕм ӕрбацу хӕстӕг,– дзуры Голиаф,– кӕддӕра дын дӕ мард мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн нӕ бахӕрын кӕнин.

– Ды мӕ ныхмӕ ӕхсаргард, арц ӕмӕ уартимӕ цӕуыс,– дзуры йын уӕд Давид,– ӕз та дӕ ныхмӕ цӕуын Иегъовӕйы номӕй. Абон дӕ Иегъовӕ ратдзӕн мӕ къухмӕ ӕмӕ дӕ ныммардзынӕн.

Уый фӕстӕ Давид Голиафы размӕ азгъордта. Згъоргӕ-згъорын йӕ хызынӕй дур фелвӕста, дурӕхсӕны йӕ акодта ӕмӕ йӕ йӕ тых йӕ бонӕй фехста. Дур сӕмбӕлд Голиафӕн йӕ тӕккӕ ныхыл. Голиаф ӕрхауд ӕмӕ фӕмард! Филистимӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ сӕ тыхджындӕр хӕстон фӕмард, уӕд фӕзылдысты ӕмӕ иууылдӕр лидзынмӕ фесты. Фӕлӕ сӕ израилӕгтӕ фӕстейӕ асырдтой ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой.