Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

61 РАДЗЫРД

Давид сси паддзах

Давид сси паддзах

САУЛ та ногӕй архайы Давиды ӕрцахсыныл. Йе ’фсӕддонтӕн сӕ хуыздӕртӕй ӕртӕ мины рахицӕн кодта ӕмӕ ацыд йӕ агурӕг. Давид уый куы базыдта, уӕд сгарджыты арвыста, Саул йе ’фсадимӕ кӕм ӕхсӕвиуат кӕны, уый сбӕрӕг кӕнынмӕ. Уый фӕстӕ йе ’фсӕддонтӕй дыууӕйы бафарста: «Саулмӕ уӕ мемӕ чи ацӕудзӕни?»

– Ӕз,– загъта Авессӕ. Уый у Давиды хо Саруйӕйы лӕппу. Саул йе ’фсадимӕ фынӕй куы кодтой, уӕд Давид ӕмӕ Авессӕ сусӕгӕй йӕ цурмӕ бахъуызыдысты, йӕ нывӕрзӕнӕй йын йӕ арц ӕмӕ йӕ дурын систой ӕмӕ сӕ рахастой. Саулы адӕм тарф фынӕй кӕнынц, уынгӕ дӕр сӕ ничи кӕны ӕмӕ хъусгӕ дӕр.

Кӕс ма, Давид ӕмӕ Авессӕ ныр кӕм сты. Сӕхи дӕрддзӕфгомау ӕдас ранмӕ айстой, ӕмӕ ныр лӕууынц къуыппыл. Уырдыгӕй Давид хъӕр кӕны Израилы ӕфсады сӕргълӕууӕгмӕ:

– Авенир, цӕуылнӕ хъахъхъӕныс дӕ хицауы, дӕ паддзахы? Ӕркӕс ма, кӕм сты йӕ арц ӕмӕ йӕ доны дурын?

Саул хъӕрмӕ фехъал. Давиды хъӕлӕс базыдта ӕмӕ йӕ фӕрсы:

– Уый ды дӕ, Давид?

Уыныс, бынӕй нывы Саул ӕмӕ Авенир кӕм лӕууынц?

– О, уый ӕз дӕн, мӕ хицау паддзах,– дзуапп радта Давид Саулӕн ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ бафарста:

– Цӕмӕн зилыс мӕ фӕдыл? Цы дын ракодтон ӕвзӕрӕй? Паддзах, мӕнӕ дӕ арц. Дӕ адӕмӕй искӕй рарвит ӕмӕ йӕ ахӕссӕд.

– Зылынджын дӕн,– басаст Саул.– Раст нӕ бакодтон.

Уый фӕстӕ Давид ацыд йӕ фӕндагыл. Саул та аздӕхт йӕ хӕдзармӕ. Фӕлӕ Давид загъта йӕхицӕн: «Саул мӕ уӕддӕр иу бон амардзӕн. Ӕнӕлидзгӕ мын нӕй филистимӕгты бӕстӕм». Ӕмӕ раст афтӕ бакодта. Давид фӕсайдта филистимӕгты, ӕз дӕр ныр сымах фарс дӕн, зӕгъгӕ.

Цасдӕры фӕстӕ филистимӕгтӕ схӕцыдысты Израилы ныхмӕ. Уыцы хӕсты фӕмард сты Саул ӕмӕ Ионафан. Давид тынг хъыг кӕны. Уый ныффыста зӕрдӕмӕхъаргӕ зарӕг. Ис дзы ахӕм ныхӕстӕ: «Уӕ мӕ бон, ме ’фсымӕр Ионафан. Куыд зынаргъ мын уыдтӕ!»

Уый фӕстӕ Давид ӕрыздӕхти Израилы бӕстӕм, сахар Хевронмӕ. Уым адӕм фӕдих сты дыууӕ къордыл. Иуты паддзахӕй сӕвӕрын фӕнды Саулы фырт Иевосфейы, иннӕты та – Давиды. Ӕппынфӕстаг, Давиды фарс чи хӕцыд, уыдон фӕуӕлахиз сты. Ӕмӕ Давидыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы цыд, уӕд сси паддзах. Авд аз ӕмӕ ӕрдӕг хицауиуӕг кодта Хевроны. Уым ын райгуырд ӕртӕ фырты: Амнон, Авессалом ӕмӕ Адони.

Цасдӕры фӕстӕ Давид йе ’фсадимӕ ацыд рӕсугъд сахар Иерусалим байсынмӕ. Давиды хо Саруйӕйӕн йӕ иннӕ фырт Иоав уыд уыцы хӕсты разамонӕг. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Давид сӕвӕрдта йӕ ӕфсады сӕргълӕууӕгӕй. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Давид паддзахиуӕг кодта Иерусалимы.