Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

64 РАДЗЫРД

Соломон сарӕзта кувӕндон

Соломон сарӕзта кувӕндон

ДАВИД йӕ мӕлӕты размӕ Соломоны бар бакодта, кувӕндон саразынӕн ын Иегъовӕ Хуыцау цы хахнывтӕ радта, уыдон. Соломон цыппӕрӕм аз куы паддзахиуӕг кодта, уӕд райдыдта аразын кувӕндон ӕмӕ йӕ авд азы ӕмӕ ӕрдӕгмӕ фӕци. Дӕсгай мин адӕймӕгтӕ куыстой кувӕндоны арӕзтады, бахардз ыл тынг бирӕ ӕхца. Уый уымӕн афтӕ уыд, ӕмӕ кувӕндоны бирӕ цыдӕртӕ сарӕзтой сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй.

Хӕсгӕ кувӕндоны цатыры куыд уыд, афтӕ ацы кувӕндоны дӕр ис дыууӕ сӕйраг хатӕны. Фӕлӕ уыцы хатӕнтӕ цатыры хатӕнтӕй сты дыууӕ хатты стырдӕр. Соломон бадзырды чырын сӕвӕрдта кувӕндоны рӕбинаг хатӕны, цатыры ма цы дзауматӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ уыд, уыдон та иннӕ хатӕны.

Кувӕндон арӕзт куы фӕци, уӕд скодтой стыр куывд. Уыныс, Соломон кувӕндоны йӕ зонгуытыл куыд лӕууы ӕмӕ куыд кувы? «Арв ӕгасӕй дӕр куы нӕу дӕ фаг,– дзуры Соломон Иегъовӕйӕн,– уӕд ацы кувӕндоны та куыд бацӕудзынӕ. Фӕлӕ дӕ курын, мӕ Хуыцау, ацы бынатӕй-иу дӕм дӕ адӕм куы кувой, уӕд-иу сӕ фехъус».

Соломон куывд куы фӕци, уӕд арвӕй зынг ӕрцыд, ӕмӕ нывондӕн цы кусӕрттӕгтӕ ӕрцӕттӕ кодтой, уыдон аныхъуырдта. Кувӕндон та Иегъовӕйы рухсӕй ныррухс. Уымӕй Иегъовӕ равдыста, Соломоны куывдмӕ кӕй хъуыста ӕмӕ йын ӕхсызгон кӕй уыд, стӕй кувӕндон дӕр йӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд, уый. Ныр адӕм Хуыцауӕн хӕсгӕ цатыры нал кувынц, фӕлӕ кувӕндоны.

Бирӕ азты дӕргъы Соломон адӕмыл зондджынӕй разамынд кодта ӕмӕ уыдон цардысты амондджынӕй. Фӕлӕ уый фӕстӕ йӕхицӕн бирӕ устытӕ ӕрхаста, Иегъовӕйӕн чи нӕ куывта, уыцы адӕмтӕй. Уыныс, иу дзы гуымирыцыртӕн куыд кувы? Ӕппынфӕстагмӕ Соломоны йӕ устытӕ уый онг ӕркодтой, ӕмӕ уый дӕр ӕндӕр хуыцӕуттӕн райдыдта кувын. Ӕмӕ зоныс, уый фӕстӕ цы ’рцыд? Соломон адӕмыл нал мӕт кодта. Уый сси ӕгъатыр ӕмӕ адӕм амондджын нал уыдысты.

Иегъовӕ тынг смӕсты Соломонмӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕуӕй паддзахад байсдзынӕн ӕмӕ йӕ ӕндӕрӕн ратдзынӕн. Ӕцӕг, цалынмӕ цӕрай, уӕдмӕ нӕ бакӕндзынӕн уыцы хъуыддаг, фӕлӕ дӕ фырт куы паддзахиуӕг кӕна, уӕд. Ӕрмӕст паддзахады адӕм се ’ппӕт нӕ ныууадздзысты дӕ фырты». Ныр та базонӕм, уыцы хабар куыд ӕрцыд, уый.