Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

65 РАДЗЫРД

Паддзахад фӕдих

Паддзахад фӕдих

АЦЫ лӕг йӕ уӕлӕдарӕс цӕмӕн скъуыдтӕ кӕны, уый зоныс? Иегъовӕ йын загъта, цӕмӕй афтӕ бакӕна. Уый Хуыцауы пехуымпар Ахи у. Пехуымпар цы у, уый зоныс? Уый у, Хуыцау, фидӕны цы ’рцӕудзӕн, уый кӕмӕн фӕзӕгъы, ахӕм адӕймаг.

Ахи ныхас кӕны Иеровоамимӕ. Соломон ын арӕзтадон куысты цыдӕр хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта. Ахи Иеровоамыл фӕндагыл куы фембӕлд, уӕд аразы ӕнахуыр цыдӕр. Йӕ ног уӕлӕдарӕс раласта, дыууадӕс хайыл ӕй аскъуыдтӕ кодта, ӕмӕ уый фӕстӕ дзуры Иеровоаммӕ: «Айс дзы дӕс хайы дӕхицӕн». Зоныс, Ахи дзы дӕс хайы Иеровоамӕн цӕмӕн дӕтты?

Афтӕмӕй Ахи Иеровоамӕн ӕмбарын кӕны, Иегъовӕ паддзахад Соломонӕй кӕй байсдзӕн ӕмӕ дзы дӕс мыггаджы уымӕн кӕй ратдзӕн. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Соломоны фырт Ровоам ӕрмӕстдӕр дыууӕ мыггагыл кӕй паддзахиуӕг кӕндзӕн.

Соломон уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд тынг смӕсты. Иеровоамы марынвӕнд скодта. Фӕлӕ уый Египетмӕ алыгъд. Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Соломон амард. Уый паддзахиуӕг кодта дыууиссӕдз азы, ныр та паддзахы бадӕныл ӕрбадт йӕ фырт Ровоам. Иеровоам Египеты Соломоны мӕлӕты хабар куы фехъуыста, уӕд фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт Израилмӕ.

Ровоам хорз паддзах нӕу. Йӕ фыд Соломон адӕмыл цы уӕззау уаргъ сӕвӕрдта, уый ноджы фӕуӕззаудӕр кодта. Иеровоам ӕмӕ ма цалдӕр дзырддзӕугӕ лӕджы ӕрбацыдысты паддзах Ровоаммӕ ӕмӕ йӕм бахатыдысты, цӕмӕй адӕмы уаргъ фӕрогдӕр кӕна. Фӕлӕ сӕм Ровоам нӕ байхъуыста. Уый ноджы фылдӕр фыдмитӕ кӕнын райдыдта адӕмӕн. Уымӕ гӕсгӕ Израилы дыууадӕс мыггагӕй дӕс сӕхицӕн паддзахӕй сӕвӕрдтой Иеровоамы, Ровоамимӕ та баззадысты ӕрмӕстдӕр дыууӕ мыггаджы, Вениамин ӕмӕ Иудӕйы мыггӕгтӕ.

Иеровоамы нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм Иегъовӕйӕн кувынмӕ Иерусалимы кувӕндонмӕ цӕуой. Уымӕ гӕсгӕ сарӕзта дыууӕ сыгъзӕрин роды ӕмӕ йӕ паддзахады дӕс мыггаджы адӕмы уыдонӕн кувын кӕны. Цасдӕр рӕстӕгмӕ бӕстӕ байдзаг ӕгъатырдзинад ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕй.

Бӕллӕхтӕй хызт нӕу, дыууӕ мыггаджы кӕм цӕрынц, уыцы паддзахад дӕр. Ровоам паддзах куы сси, уымӕй фондз азы дӕр нӕ рацыд, афтӕ Египеты паддзах ӕрбабырста Иерусалиммӕ. Уый Иегъовӕйы кувӕндонӕй ахаста бирӕ хӕзнатӕ. Уымӕ гӕсгӕ кувӕндон куыд сарӕзтой, афтӕмӕй бирӕ нӕ фӕлӕууыд.