Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

66 РАДЗЫРД

Иезавел – цъаммар ус-паддзах

Иезавел – цъаммар ус-паддзах

ПАДДЗАХ Иеровоамы мӕлӕты фӕстӕ, дӕс мыггаджы кӕм цардысты, уыцы паддзахад Израилы хицауиуӕг кодтой ӕрмӕстдӕр ӕвзӕр паддзӕхтӕ. Уыдонӕй ӕппӕты ӕвзӕрдӕр уыд паддзах Ахав. Зоныс цӕмӕн? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ йын уыдис тынг цъаммар ус Иезавел.

Иезавел израилаг нӕ уыд. Уый уыди Сидоны паддзахы чызг. Иезавел кувы мӕнг хуыцау Ваалӕн. Стӕй ма афтӕ бакодта, ӕмӕ Ахав, уыимӕ израилӕгтӕй дӕр бирӕтӕ кувын райдыдтой уыцы мӕнг хуыцауӕн. Иезавелӕн ӕнӕуынон у Иегъовӕ, йӕ пехуымпартӕй йын бирӕты фӕмардта. Удӕгас ма дзы чи баззад, уыдон та фыртӕссӕй ӕмбӕхсынц лӕгӕтты. Иезавелы исты бахъӕуӕд, ӕндӕр лӕг амарыныл дӕр нӕ ауӕрды.

Иу бон паддзах Ахав уыд тынг ӕнкъард, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ Иезавел бафарста: «Абон афтӕ мӕстджын цӕуыл дӕ?» «Навуфейы ныхӕстыл,– дзуапп радта Ахав.– Йӕ сӕнӕфсирдон балхӕнын мӕ фӕндыд, фӕлӕ мын не сразы йӕ ауӕй кӕныныл». «Тыхсгӕ дӕр ма ма кӕн,– загъта Иезавел.– Кӕс ма-иу, кӕддӕра дӕу нӕ уа уыцы сӕндон».

Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Иезавел фыстӕджытӕ арвыста, Навуфей кӕм цӕры, уыцы сахары хицӕуттӕм. «Цалдӕр ӕнаккаг адӕймагӕн зӕгъут, цӕмӕй Навуфейыл ӕрдау кӕной, зӕгъгӕ, уый ӕлгъыста Хуыцау ӕмӕ паддзахы,– бардзырд радта ус-паддзах.– Уый фӕстӕ Навуфейы сахарӕй ракӕнут ӕмӕ йӕ дуртӕй ныммарут».

Иезавел, Навуфей кӕй амард, уый куыддӕр фехъуыста, афтӕ Ахавӕн загъта: «Рӕвдз ацу ӕмӕ сӕнӕфсирдон дӕхи бакӕн». Цымӕ ахӕм ӕвирхъау фыдракӕнды тыххӕй Иезавелы бафхӕрын нӕ хъӕуы?

Ай-гъай дӕр. Цасдӕры фӕстӕ Иегъовӕ арвыста Ииуйы Иезавелы бафхӕрынмӕ. Иезавел куы фехъуыста, Ииуй ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ, уӕд йӕ цӕстытӕ бацахуырста ӕмӕ йӕхи бадзӕбӕхтӕ кодта. Фӕлӕ Ииуй куы ’рбахӕццӕ ӕмӕ Иезавелы рудзынгыл бадгӕ куы федта, уӕд галуаны цы лӕгтӕ уыд, уыдонмӕ схъӕр кодта: «Раппарут ӕй уырдыгӕй!» Нывы куыд уыныс, афтӕмӕй нӕлгоймӕгтӕ сӕххӕст кодтой Ииуйы бардзырд. Раппӕрстой йӕ ӕмӕ фӕмард. Афтӕ ӕрцыд йӕ худинаджы кӕрон цъаммар ус-паддзах Иезавелӕн.