Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

67 РАДЗЫРД

Иосафат йӕ ныфс дардта Иегъовӕйыл

Иосафат йӕ ныфс дардта Иегъовӕйыл

АЦЫ адӕм чи сты ӕмӕ цы кусынц, уый зоныс? Уыдон цӕуынц хӕстмӕ, сӕ разӕй чи фӕцӕуы, уыцы лӕгтӕ та заргӕ кӕнынц. Фӕлӕ дӕм чи зоны фарст фӕзынд: «Заргӕ чи кӕны, уыдонмӕ цирхътӕ ӕмӕ ӕрцытӕ цӕуылнӕ ис?» Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

Дыууӕ мыггаджы кӕм цӕрынц, Израилы уыцы паддзахады паддзах у Иосафат. Уый цӕры, дӕсмыггаг цӕгат паддзахады Ахав ӕмӕ йӕ ус Иезавел куы паддзахиуӕг кӕнынц, уыцы заманы. Фӕлӕ Иосафат йӕ фыд Асӕйау у хорз паддзах. Уымӕ гӕсгӕ дыууӕмыггаг хуссар паддзахады адӕм бирӕ азты дӕргъы цӕрынц ӕнӕмастӕй.

Фӕлӕ иу бон ахӕм хабар ӕрцыд, ӕмӕ адӕмы тас бацыд. Хъӕргӕнджытӕ Иосафатӕн фехъусын кодтой: «Моав, Аммон ӕмӕ хӕхбӕстӕ Сеиры стыр ӕфсад рацӕуы дӕ ныхмӕ». Уый фӕдыл израилӕгтӕй бирӕтӕ ӕрцыдысты Иерусалиммӕ Иегъовӕйӕ ӕххуыс курынмӕ. Ӕрӕмбырд сты кувӕндоны, ӕмӕ Иосафат се ’ппӕты номӕй скуывта: «О Иегъовӕ, нӕ Хуыцау, цы бакӕнӕм, уый нӕ зонӕм. Уыцы стыр ӕфсады ныхмӕ нӕ бон ницы у. Дӕумӕ кӕсӕм ӕххуысмӕ».

Иегъовӕ сын фехъуыста сӕ лӕгъстӕ ӕмӕ сын йӕ лӕггадгӕнджытӕй иуы уылты фехъусын кодта: «Ацы хӕст сымах нӕу, фӕлӕ Хуыцауы. Сымах нӕ хъӕудзӕн хӕцын. Сымах ӕрмӕст кӕсгӕ кӕнут, ӕмӕ фендзыстут, Иегъовӕ уӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый».

Уымӕ гӕсгӕ дыккаг бон Иосафат ӕрсидт адӕммӕ: «Уӕ ныфс Иегъовӕйыл дарут!» Уый фӕстӕ йе ’фсады разӕй зарӕггӕнджыты слӕууын кодта ӕмӕ афтӕмӕй араст сты Иегъовӕйы кады зарджытӕ заргӕйӕ. Тохы быдырмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд, зоныс, цы ’рцыд? Иегъовӕ знаджы ӕфсӕдтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ скодта. Ӕмӕ израилӕгтӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд знаджы ӕфсад иууылдӕр мардӕй баййӕфтой!

Куыд хъуыды кӕныс, Иосафат йӕ ныфс Иегъовӕйыл кӕй дардта, уымӕй раст нӕ кодта? Цӕй уӕдӕ мах дӕр афтӕ кӕнӕм.